Италиаг кинойы бонтӕ ацӕудзысты Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Наталья АйриянЧермен
Чермен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы организатор у Итали - Хуссар Ирыстоны Хӕларады ӕхсӕнад. Хуссарирыстойнаг кӕсӕгӕн равдисдзысты италиаг киноклассикӕйӕ уарзон кинонывтӕ ӕмӕ фӕстаг ӕзты популярон нывӕфтыд фильмтӕ.

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Италиаг кинойы бонтӕ ацӕудзысты Хуссар Ирыстоны, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады.

"Мадзалы организатор у Итали — Хуссар Ирыстоны Хӕларады ӕхсӕнад. Хуссарирыстойнаг кӕсӕгӕн равдисдзысты италиаг киноклассикӕйӕ уарзон кинонывтӕ "Злоумышленники, как всегда, остались неизвестными" ӕмӕ "Площадь Сан-Бабила, 20 часов" ӕмӕ фӕстаг ӕзты популярон нывӕфтыд фильмтӕ "Гоморра" ӕмӕ "У нас есть Папа!", — загътой ФХМ-ы.

Мауро Мурджа: РХИ минӕвары офисы фӕзынд Италийы у нысаниуӕгджын цау

Равдыст ацӕудзӕн италиаг кинокритик Федерико Чичеронийы хайадистӕй. Мадзал уагъд ӕрцӕудзӕн Цхинвалы, ПККЗ "Чермен"-ы 14-16 июлы.

Итали — Хуссар Ирыстоны Хӕларады ӕхсӕнад сырӕзт 2013 азы. Йӕ хъӕппӕрисӕй италиаг ӕхсӕнадон архайджытӕ цалдӕр хатт ӕрцыдысты Хуссар Ирмӕ, хуссарирыстойнаг ӕхсӕнадон-политикон архайджытӕ та уыдысты Италийы. Фарон Цхинвал ӕмӕ цалдӕр италиаг горӕтты ӕхсӕн быфыст ӕрцыдысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырдтӕ.

Ацы аз марты, Ӕхсӕнады президент Мауро Мурджа Римы бакодта Италийы Хуссар Ирыстоны ФХМ официалон минӕвары офис.

Ног хабӕртты лентӕ
0