Дыууӕ километры дӕргъӕн "Симд" сӕххӕст кӕндзысты Хетӕджы къохы алыварс

© Sputnik / Ада БагианКонцерт 3 ансамблей на стадионе
Концерт 3 ансамблей на стадионе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзал уагъд ӕрцӕудзӕн Хетӕджы къохы цур. Организаторты ныфс ис, "Симд"- ы рӕхыс кӕй ӕрбангом уыдзӕн кувӕндоны алыварс.

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik. Цӕгат Иры фӕсивӕд хуыцаубоны сӕххӕст кӕндзӕн "Симд" Хетӕджы къохы алыварс, хъусын кӕны 15 регион.

Мадзалы организаторты ныфс ис, "Симд"- рӕхыс кӕй бангом уыдзӕн кувӕндоны алыварс, цӕй фӕзуат у 1800 метры бӕрц.

"Кувӕндоны фӕзуат у 1800 метры бӕрц. Тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй зылд ӕрбангом уа. "Симд" сӕххӕст кӕндзысты официалон программӕйы кӕрон. Ацы кафт у скуывды хай фыдӕлтӕй баззайгӕ ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ",- загъта мадзалы организатортӕй иу Хъӕцмӕзты Батрадз.

Уый ма бафтыдта, ацы ритуалӕн йӕ нысаниуӕг кӕй у адӕмы ӕрбангом кӕнын.

"Фӕстаг рӕстӕг тынг бирӕ ӕппӕрццаг ныхӕстӕ ис ирон бӕрӕгбонты ахасты. Зӕгъгӕ, уыдон фестадысты расыггӕнӕн мадзӕлттӕ. Мах та фӕнды равдисын, уый афтӕ кӕй нӕу. Ныфс мӕ ис, кувӕндонмӕ ӕрбацӕуӕг адӕмы зӕрдӕмӕ ацы хъӕппӕрис кӕй фӕцӕудзӕн",- балхынцъ кодта Хъӕцмӕзты Батрадз.

Мадзал уагъд ӕрцӕудзӕн 10 июлы 12:00 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0