Хуссар Иры та фæфылдæр сты æртаджы ӕргътæ

© Sputnik / Ада БагианӔртагкæнæн станц
Ӕртагкæнæн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон амалиуæгад "Югосетнефтепродукт" сфидар кодта ног æргътæ. АИ-92 маркæйы бензины аргъ у 34 сомы, дизелон æртаг та - 31 сомы.

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны бензин æмæ дизелон æртаджы æргътæ фæфылдæр сты æртыццæгæй. Экономикон райрæзты министры ныхæстæм гæсгæ, ивындзинæдтæ баст сты, Уæрæсейы æргътæ кæй фæфылдæр сты, уыимæ.

Ацы аз апрелы æртаджы æргътæ фæкъаддæр сты иу сомы бæрц. АИ-92 маркæйы æртаг нырмæ уыд 32 сомы, дизелон æртаг та — 30. Уæд ацы æнтыстытæ сæ къухы бафтыдысты уæрæсейаг компани "Роснефть"-имæ бадзырдты фæрцы.

"Хъыгагæн, Уæрæсейы ӕргъты фæфылдæр махыл дæр бандæвта. Æртаг АИ-92-йы аргъ схиздзæн 34 соммæ, дизелон æртаг та 31 соммӕ", — загъта Зæгъойты Вильям.

Министр банысан кодта, ахæм æргътæ кӕй уыдзæн паддзахадон амалиуæгад "Югосетнефтепродукт" —ы æртагкæнæн станцты. Уый ма бафиппайдта, хисæрмагонд станцты дæр бирæ бӕрзонддӕр ӕргътӕ кӕй нæ уыдзæн, уымæн æмæ сæм уæд уыйбæрц адæм нал цæудзæн.

Афтӕ ма Зӕгъойы фырт банысан кодта, зӕгъгӕ, кæд æртаджы аргътæ фæфылдæр сты, уæддæр Цæгат Ирыстоны ӕргътæм абаргӕйӕ, Цхинвалы сты къаддæр.

"Фæстаг дыууæ азы мах уынæм, æртаджы æргътæ дыууæрдæм кӕй кæныц, уымæ гæсгæ, куыддæр фадат фæзына, афтæ мах дӕр фæкъаддæр кæндзыстæм æргътæ", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

УФ æмæ РХИ хсæн базарады режимы фæдыл бадзырд 2012 азы куы бафыстæуыд, уæдæй фæстæмæ арæны сæртыл æртаг ласт цæуы æнæ таможнæйон фиддонтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0