Цæгат Иры бюджет Уæрæсейы хицауад баххæст кæндзæн 1,08 млрд сомæй

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Иры бюджет Уæрæсейы хицауад баххæст кæндзæн 1,08 млрд сомæй
Цæгат Иры бюджет Уæрæсейы хицауад баххæст кæндзæн 1,08 млрд сомæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдӕппæт Уæрæсейы регионалон бюджеттæ 2016 азы райсдзысты 44 20,9 млрд сомы.

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны бюджеты хæрдзтæ æмæ æфтиæгтæ æрæмных кæндзысты Уæрæсейы хицауады æххуысæй. Уый нысанæн Цæгат Ирыстоны бюджет райсдзæн федералон бюджетæй 1,08 млрд сомы, хъусын кӕны УФ хицауады сайт Дмитрий Медведевы бардзырд.

Ӕдӕппæт Уæрæсейы регионалон бюджеттæ 2016 азы райсдзысты 44 20,9 млрд сомы.

Дмитрий Медведевы бардзырдмæ гæсгæ, Фæсбайкалон край райсдзæн 2 млрд сом, Краснодары край — 1,75 млрд сом, Астраханы область — 1,38 млрд сом, Саратовы область — 1,14 млрд сом, Цæгат Ирыстон- 1,08 млрд сомы.

Документæй бæрæг у, 8,6 млрд сомы кӕй уыдзысты регионалон бюджеттæ баххæст кæнынмæ нысанæздæхт, 12,3 млрд сом та уæлæмхас хæрдзтæ æмæ бюджетон фадыджы кусджыты мыздтæ фæфылдæр кæныны хæрдзтæ бамбæрзынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0