Фидауынгӕнӕджы бон

© Sputnik / пресс-служба МЧС РСО-АФидауынгӕнджытӕ Хуссар Иры
Фидауынгӕнджытӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхтӕ Хуссар Ирмӕ баконд ӕрцыдысты 1992 азы 14 июлы. СБӔТ-ы скондмӕ бацыдысты ӕртӕ батальоны: Уӕрӕсе, Гуырдзыстон ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй.

ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik. Фидауынгӕнӕджы бон бахаст ӕрцыд бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн бонты къӕлиндармӕ. Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхтӕ (СБӔТ) гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг хъаугъайы зонӕмӕ баконд ӕрцыдысты 1992 азы 14 июлы ӕмӕ йӕ фӕстӕ 16 азы ссисты сабырады гарант суанг Гуырдзыстоны ӕххӕстмасштабон агрессийы онг Хуссар Ирыстоны ныхмӕ.

СБӔТ арӕзт ӕрцыд Сочийы бадзырдты фӕлгӕтты.

Уыдон бафыст ӕрцыдысты, гуырдзыстойнаг ӕфсадӕн Цхинвал бацахсыны фӕлвӕрдты рӕстӕджы сӕ къухты куы ницы ӕнтыст бафтыд, уый фӕстӕ — 1992 азы сӕрды. Ӕртӕ азы цы хӕст ахаста, уый сӕвзӕрын кодта уӕззау социалон-экономикон ӕмӕ политикон уавӕр Гуырдзыстонӕн йӕхимидӕг дӕр. Афтӕмӕй, гуырдзыстойнаг къухдариуӕгадӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, бадзырдты хайад исынӕй дарддӕр ӕмӕ 24 июны Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстон минӕвӕрттӕ Сочийы бафыстой бадзырд гуырдзиаг-ирон хъаугъа ӕрнывыл кӕныны принципты фӕдыл.

Уӕды онг хӕсты амӕттаг баисты мингай адӕймӕгтӕ, 117 ирон хъӕу ныппырх, науӕд та басыгъд, 100 мин адӕймаджы бахъуыд сӕ райгуырӕн къуымтӕ ныууадзын.

Хуссар Иры цӕрджытӕ 1992 азы дидинтимӕ ӕмбӕлдысты уӕрӕсейаг фидауынгӕнджытыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры цӕрджытӕ 1992 азы дидинтимӕ ӕмбӕлдысты уӕрӕсейаг фидауынгӕнджытыл

Фидауынгӕнӕн контингенты сконды уыдысты ӕртӕ батальоны Уӕрӕсе, Гуырдзыстон ӕмӕ Цӕгат Ирӕй. Уыдон бацыдысты конфликты зонӕмӕ ӕмӕ ссисты ӕцӕг фидауынгӕнджытӕ ныхмӕлӕууӕг фарсыты ӕхсӕн.

СБӔТ-ы мисси адарддӕр ис 16 азы дӕргъы, уыцы рӕстӕг фидауынгӕнӕг тыхтӕ архайдтой Хуссар Ирыстоны сабырад бахъахъхъӕныныл.

2008 азы 8 августы та гуырдзиаг хотыхджын ӕфсад ӕрбатыдта Хуссар Ирыстонмӕ, ныппырх кодта республикӕйы сӕйраг горӕтӕн йе ‘рдӕг.

Уӕрӕсейы Федераци цӕрджыты бахъахъхъӕныны оххыл, кӕцытӕн сӕ фылдӕр уыдысты Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ, ӕрбкодта йе ‘фсад ӕмӕ хӕстон архайдтыты фондз боны ӕмгъуыдмӕ фӕсырдтой гуырдзыстоны ӕфсады Хуссар Ирӕй.

Ацы хӕстон операцийы фӕстиуӕгӕн Уӕрӕсейы Федераци фесӕфта 64 ӕфсӕддоны, уыдон ӕхсӕн 15 — фидауынгӕнӕг тыхтӕй. Уый хыгъд фидауынгӕнӕг тыхтӕ Хуссар Ирыстоны сӕ куыст фесты ӕмӕ ныр дарддӕр республикӕ хъахъхъӕнынц Уӕрӕсейы цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕ ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ.

2008 азы 17 сентябры бафыстгонд хӕларад, ӕмгуыстад ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ 2009 азы 30 апрелы бафыстгонд паддзахадон арӕн хъахъхъӕныны фӕдыл иумӕйаг тыхархайды фӕдыл бадзырдтӕм гӕсгӕ Хуссар Иры арӕзт ӕрцыдысты уӕрӕсейаг цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕ ӕмӕ УФ ӔФС-йы арӕнгӕрон управлени.

Фидауынгӕнджыты ном сӕнусон кӕныны тыххӕй Цхинвалы иу уынгӕн радтой сӕ ном. Ам ма ӕвӕрд ӕрцыд зӕрдылдарӕн стела дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0