"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фӕдыл ахӕсты бакодтой дыууӕ полицӕйагы

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæ"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фӕдыл ахӕсты бакодтой дыууӕ полицӕйагы
Цкъайы фырты хъуыддаджы  фӕдыл ахӕсты бакодтой дыууӕ полицӕйагы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдӕппӕт "Цкъайы фырты хъуыддаджы" фӕдыл ахст ӕрцыдысты полицийы кусджытӕй авдӕй. Уыдонмӕ иууылдӕр зӕрдӕ ӕхсайы сӕ барты сӕртыл ахизыны ӕмӕ тыхӕй спайда кӕныны хъуыддагмӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik. "Цкъайы фырты хъуыддаджы" фӕдыл цы дыууӕ полицийы кусӕджы ӕрцахстой, уыдон бакодтой ахӕсты, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны слестгӕнӕн управленийы пресс-службӕ.

Азымджын - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Цкъайы фырты хъуыддаджы" ма фӕзынд ноджы иу азымджын

31 октябры 13:47 сахатыл Дзæуджыхъæуы полицийы хайадтæй иумæ баконд æрцыд 39-аздзыд Цкъаты Владимир, цыран йемæ куыстой фæдагурæн хайады оперативон кусджытæ. 1 ноябры æхсæвы нæлгоймаг уадзыгæй бахаудта Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындонмæ ӕмӕ амард реанимацион хайады.

Раздæр ацы хъуыддаджы фæдыл ахст æрцыдысты Мидхъуыддæгты министрады уголовон фӕдагуырды хайады гӕс ӕмӕ фондз кусӕджы.

Ныр цы дыууӕ 27- и 31-аздзыд хистӕр лейтенантты ӕрцахстой, уыдомӕ дӕр зӕрдӕ ӕхсайы сӕ барты сӕртыл ахизыны ӕмӕ тыхӕй спайда кӕныны хъуыддагмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0