Цхинвалы ацæудзæн Гӕздӕнты Булаты 80 азы юбилейон изæр

© Sputnik / Дзерасса БиазартиГӕздӕнты Булат
Гӕздӕнты Булат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы адæмон артисты 80 азы юбилейы цытӕн нывонд изæры архайдзысты Хуссар Иры сфæлдыстадон коллективтæ, зарæггæнджытæ æмæ номдзыд музыканты оркестр.

ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik. Цхинвалы майрæмбоны ацæудзæн Уæрæсейы адæмон артист, адӕмон инструментты националон паддзахадон оркестры аивадон къухдариуæггæнæг Гӕздӕнты Булаты юбилейон изæр, фехъусын кодтой Sputnik культурæйы министрады пресс-службæйы.

Дзӕуджыхъӕуы 10 азы фӕстӕ сног кодтой  Гӕздӕнты Булаты оркестр фыссын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы 10 азы фӕстӕ сног кодтой Гӕздӕнты Булаты оркестр фыссын

"Мадзалы архайдзæн Гæздæнты Булат адӕмон инструментты националон оркестримæ. Йæ арæхстдзинад ма мадзалы равдисдзæн Хуссар Иры адæмон инструментты ансамль "Айзæлд" дӕр, уый сæххæст кæндзæн симд Гæздæнты Булаты бакуыстæй", — радзырдтой пресс-службӕйы.

Юбилеон изæры ма Гӕздӕнты Булатӕн се ‘сфӕлдыстадӕй раарфӕ кӕндзысты иннӕ артисттæ дæр, се ʻхсæн Галуанты Людмила, Сланты Ацæмæз, Къæбысты Сæрмæт, Хаситы Сослан æмæ æндæртæ.

Дирижер, композитор, фæндырдзæгъдæг, ахуыргæнæг, Уæрæсейы адæмон артист Гӕздӕнты Булат 1966 азӕй фӕстӕмӕ у Цæгат Ирыстоны адӕмон инструментты националон паддзахадон оркестры ӕнӕраивгӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0