РХИ минӕварады кусджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ Францы минӕварадмӕ Мӕскуыйы

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæРХИ минӕварады кусджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ Францы минӕварадмӕ Мӕскуыйы
РХИ минӕварады кусджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ Францы минӕварадмӕ Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы арвыста тӕфӕрфӕсы тел УФ Францы минӕвармӕ.

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik. УФ уӕвӕг РХИ минӕварады кусджытӕ майрӕмбоны сӕвӕрдтой дидинтӕ Францы минӕварадмӕ Мӕскуыйы ӕмӕ генералон консуладмӕ Санкт-Петербурджы, Ниццӕйы цы теракт анӕрыд, уый фӕдыл.

РХИ ӕххӕстбарджын минӕвар УФ-йы Гасситы Знауыр арвыста тӕфӕрфӕсы тел Францы минӕвар Уӕрӕсейы Жан-Морис Рипермӕ ӕмӕ банысан кодта, РХИ къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмы катайы кӕй ныппӕрста ацы ӕбуалгъ ӕмӕ циникон фыдракӕнд адӕймагады ныхмӕ.

"Стыр хъыгимӕ сӕмбӕлдыстӕм ацы ӕбуалгъ террористон акты фӕдыл хабарыл, кӕцы ахаста бирӕнымӕц удтӕ. Ацы фыдохы бон мах кӕнӕм мӕсӕллӕй фӕмардуӕвджыты бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕн, нӕ зӕрдӕ сын зӕгъы фидар удыхъӕд, цӕмӕй ацы трагеди сфӕразой", — дзырдӕуы телы.

Францы националон бӕрӕгбон — Бастилийы сисыны боны ӕрцӕугӕ теракты рӕстӕджы Ниццайы фӕмард 84 адӕймаджы, уыдон нымӕцы сывӕллӕтты. Фӕмардуӕвджыты ӕмӕ зианбаййафджыты ӕхсӕн ис бирӕ фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ, уыдон нымӕцы уырыссӕгтӕ. Террорист уӕзласӕн машинӕйыл алӕгӕрста адӕмы къордыл, кӕцытӕ цин кодтой фейерверкыл, уый фӕстӕ райдыдта ӕхын.

Ног хабӕртты лентӕ
0