Тугъанты Махарбеджы музей смӕсты ныв "Нарты цӕл"-ы равдыст КБР-йы тыххӕй алӕвӕрды

© Картина Махарбека Туганова/ фото: Дзерасса Биазартиныв "Нарты цӕл"
ныв Нарты цӕл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Телеалӕвӕрд "Маршрут арӕзт у. Кӕсӕг-Балхъар" 1 каналы эфиры рацыд 10 июлы. Программӕйы дзырд цыд цӕгаткавказаг республикӕйы фенддагдӕр бынӕттыл, йӕ культурӕ ӕмӕ традицитыл, тексты иллюстрацийы хуызы та ӕвдыст ӕрцыд ныв "Нарты цӕл", кӕцы у музейы сӕйраг экспонат.

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Тугъанты Махарбеджы аивадон музейы дирекци ӕмӕ кусджытӕ смӕсты сты, Кӕсӕг-Балхъайраг республикӕйӕн нывонд алӕвӕрды тексты иллюстрацийы хуызы равдыст кӕй ӕрцыд зынгӕ ирон нывгӕнӕг Тугъанты Махарбеджы ныв.

Телеалӕвӕрд "Маршрут арӕзт у. Кӕсӕг-Балхъар" 1 каналы эфиры рацыд 10 июлы. Программӕйы дзырд цыд цӕгаткавказаг республикӕйы фенддагдӕр бынӕттыл, йӕ культурӕ ӕмӕ традицитыл. Алӕвӕрды егъау хай уыд нывонд "Адыгъейӕгты нарты эпос"-ӕн, афтӕ ма националон кафтытӕн. Музейы кусджытӕ смӕсты сты ууыл, ӕмӕ эпосы кӕсгон версийы хъайтартӕй иуыл радзырды рӕстӕджы ӕвдыст кӕй цыд зындгонд ирон нывгӕнӕг Тугъанты Махарбеджы "Нарты цӕл"-ы иллюстраци.

"Мах, Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы кусджыты дисы баппӕрста уыцы факт ӕмӕ нарты эпосы кӕсгон версийы хъайтартӕй иуыл радзырды рӕсӕтӕджы кӕй спайда кодтой нӕ музейы сӕйраг экспонат — "Нарты цӕлӕй". Хуыздӕр уаид, ӕмӕ сӕ бӕстӕйы фенддагдӕр бынӕтты пропагандӕйӕн нӕ зынаргъ сыхӕгтӕ куы пайда кӕниккой сӕхи культурӕйы хъӕздыг бынтӕй", — дзуры Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы сӕйраг хъахъхъӕнӕг Дарчиты Зӕлинӕ.

Тугъанты Махарбег у фыццаг иртасӕг ӕмӕ ирон "Нарты эпос"-ы фыццаг иллюстратор, кӕцы сбӕлвырд кодта сӕйраг хъайтарты удыхъӕд ӕмӕ сын сарӕзта сӕ визуалон фӕлгӕнцтӕ.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиКБР-йы тыххӕй алӕвӕрдӕй кадр
Кадр из передачи о путешествии по КБР - Sputnik Хуссар Ирыстон
КБР-йы тыххӕй алӕвӕрдӕй кадр

Музейы кусджытӕ радзырдтой Sputnik, Тугъанты Махарбеджы уацмысты репродукцитӕй рагӕй ӕмӕ ӕдзӕсгомӕй кӕй пайда кӕнынц Ирыстонӕн йӕхимидӕг дӕр алыгъуызон, уый нымӕцы коммерцион нысӕнтты дӕр. Фӕлӕ фӕстаг рӕстӕджы рапарахат ӕндӕр тенденци — нывгӕнӕджы куыстытӕй пайда кӕнынц сыхаг цӕгаткавказаг республикӕты минӕвӕрттӕ, мифологийы сӕхи вариантты иллюстрацийӕн, хаттӕй-хатт та историйы дӕр.

"Ирон нывгӕнӕг, фольклорзонӕг, этнограф ӕмӕ ирон хореографи зонӕг, уый сарӕзта хъайтарты этникон ӕмӕ антропологон ӕгъдауӕй ирон хуызы, нывты бакодта артефакттӕ, кӕцытытӕн ис скифаг-сӕрмӕттаг-алайнаг равзӕрд. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕхуыр у кӕсгон эпосы хъайтарты, зӕгъӕм Сосрукойы тыххӕй хъусын ӕмӕ йӕ уынын мах Сосланы нуазæныл кафгӕйӕ", — бафиппайдта аивадзонӕг, музейы директоры хӕдивӕг Бязырты Людмилӕ.

Фӕстаг рӕстӕг Республикӕ Цӕгат Ирыстон — Аланийы культурон ӕмӕ историкон бынтӕ ссисты спекуляцийы фӕрӕз. Скифаг-сӕрмӕттаг- алайнаг бынты тыххӕй та айтынг ӕцӕг информацион хӕст. Ахӕм цаутӕ, музейы кусджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ йӕ контролмӕ райса республикӕйы хицауад. Республикӕйы къухдариуӕгад, аивадзонджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, хъуамӕ йӕ хъус дара ахӕм фӕзындтӕм ӕмӕ хъахъхъӕна Ирыстоны националон бынтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0