Цхинвалы цӕрӕн районтӕй иуы ссардӕуыд рӕмудзӕн ӕрмӕг

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал, Джиоты Аланы проспект
Цхинвал, Джиоты Аланы проспект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РГД гранатӕ ӕнӕзианхъом ӕрцыд, ныртӕккӕ цӕуы равзӕрст.

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik. Цхинвалы цӕрӕн районтӕй иуы майрӕмбоны райсомӕй ссардӕуыд рӕмудзӕн ӕрмӕг, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы УУМ-ы.

Агентады дзырдӕмбал фехъусын кодта, гранатӕ кӕй ахастой паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕ. РГД гранатӕ, развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уыд фидаргонд бирӕуӕладзыгон хӕдзары кӕрты иу гаражы дуарыл.

"Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕ ацыдысты ссадгонд рӕмудзӕн ӕрмӕджы тыххӕй хъусинаджы фӕстӕ ӕмӕ йӕ аиуварс кодтой", — загътой УУМ-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0