Гæздæнты Булат Цхинвалы банысан кодта йӕ 80 азы, юбилярӕн радтой Кады орден

© Sputnik / Алексей КовалевГæздæнты Булат Цхинвалы банысан кодта йӕ 80 азы
Гæздæнты Булат Цхинвалы банысан кодта йӕ 80 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Юбилярӕн арфӕйы ныхӕстӕ загъта республикӕйы президент Тыбылты Леонид ӕмӕ йӕ ирон националон музыкæмæ йе ʻстыр хайбарвæрды тыххæй схорзæхджын кодта Кады орденæй.

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уæрæсейы, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Гæздӕнты Булатæн майрæмбоны Цхинвалы ацыд йæ 80 азы юбилейон изæр.

Мадзал уагъд ӕрцыд цытджын уавӕры ПККЗ "Чермен"-ы. Дыууæ сахаты дæргъы кæрæдзи ивтой музыкантæн йæхи фыст зындгонд уацмыстæ æмæ уымæн нывонд зарджытæ. Ӕрæмбырдуæвджытæ номдзыд музыканты алкæцы рахыстыл дæр æмбæлдысты лæугæйæ.

Юбилярӕн арфӕйы ныхӕстӕ загъта республикӕйы президент Тыбылты Леонид ӕмӕ йӕ ирон националон музыкæмæ йе ʻстыр хайбарвæрды тыххæй схорзæхджын кодта Кады орденæй, Цæгат Ирыстоны адӕмон инструментты националон паддзахадон оркестры та — Кады грамотæйæ.

"Ирон адæмæн лæггад кæныс кæдфæндыдæр. Уый æппæт æдæмы фæндыд дæуæн раарфæ кæнын, фӕлӕ сын Дзæуджыхъæумæ ныццæуын фæзын уыдаид æмæ дæ æрхуыдтам Хуссармæ. Рагæй дын хъусын дæ ном, уарзын музыкæ, арæхсгæ йæм уый бæрц кæд нæ кæнын, уæддæр", — загъта президент.

© Sputnik / Алексей КовалевЮбилярӕн арфӕйы ныхӕстӕ загъта республикӕйы президент Тыбылты Леонид
80 лет Булат Гадзанов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юбилярӕн арфӕйы ныхӕстӕ загъта республикӕйы президент Тыбылты Леонид

Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Галуанты Людмила дӕр юбилярæн арфæгæнгæйæ банысан кодта, зӕгъгӕ, "мæ тыхы ма куы уаин, уæд Булатӕн сæрæгасæй сывæрин цырт".

"Владимир Высоцкийимæ мах иумæ ахуыр кодтам. Йæ удыгасæй йын ӕппындӕр ницы уыд, фӕлӕ йæ цардæй куы ахицæн, уæд ма æгæрыстæмæй стъалыйæн дæр радтой йæ ном. Удыгасӕй хъӕуы адӕймагӕн лӕггад кӕнын. Ӕвæццæгæн нæ хицауады тыхы ис Булатӕн цырт сæвæрын", — загъта артисткӕ.

Юбиляры цытӕн концерты сæ арæхстдзинад равдыстой РЦИ адӕмон инструментты националон паддзахадон оркестр, РХИ адæмон инструментты оркестр "Айзæлд", зарæггæнджытæ æмæ музыканттæ — Куымæридтаты- Гæздæнты Тенгиз, Къæбысты Сæрмæт, Ӕлборты Инал, Дауыраты Эдуард, Дуаты Дзамболат, Хаситы Сослан, Дыгъуызты Марина æмæ æндæртæ. Сценæйыл айзæлдысты "Симд"," Ханты цагъд", "Бæрæгбон Ирыстоны" æмæ æндæр хъуыстгонд мелодитæ.

© Sputnik / Алексей КовалевДыууæ сахаты дæргъы кæрæдзи ивтой музыкантæн йæхи фыст зындгонд уацмыстæ æмæ уымæн нывонд зарджытæ
80 лет Булат Гадзанов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууæ сахаты дæргъы кæрæдзи ивтой музыкантæн йæхи фыст зындгонд уацмыстæ æмæ уымæн нывонд зарджытæ

Кӕронбӕттӕны Гæздæнты Булат загъта бузныджы ныхӕстӕ ӕрӕмбырдуӕвджытӕн сӕ хъарм ахасты тыххӕй.

"Ӕз Ирыстоны хуссармæ цы зæрдæ дарын, уый мæхи уæд. Стæй иу бинонтæ стæм æмæ нæхи хуссар æмæ цæгатыл дæр ма дих кæнæм. Не ‘взаг æмæ нæ аивад цы бахъахъхъæнæм, уый амонд нын зæгъы мæ зæрдæ", — банысан кодта Гæздæнты Булат.

Хетæгкаты Къостайы æмæ "Нарты фæткъуы"-йы премиты лауреат, Уæрæсейы, РХИ æмæ РЦИ-А адæмон артист, дирижер, композитор, фæндырдзæгъдæг, ахуыргæнæг, Гӕздӕнты Булат 1966 азӕй фӕстӕмӕ у Цæгат Ирыстоны адӕмон инструментты националон паддзахадон оркестры ӕнӕраивгӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг. Ирон музыкалон аивады уый бацахста æгас æнус.

Ног хабӕртты лентӕ
0