Цхинвалы райдыдта акци "Сымахӕй стӕм сӕрыстыр"

Рафыссын
Хетӕгкаты Къостайы скверы уагъд ӕрцӕудзӕн акци, кӕцы нывонд у Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргӕнӕг Дзабиты Роландӕн.

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Ӕрыгон активисттӕ Цхуырбаты Людвиджы сӕргълӕудӕй раразмӕ кодтой хъӕппӕрис акци "Сымахӕй стӕм сӕрыстыр" ауадзын. Акцийы нысан у сфӕлдыстадон изӕртӕ уадзын, кӕцытӕ уыдзысты нывонд республикӕйы зындгон адӕмӕн — культурӕ, зонад, аивады минӕвӕрттӕн, спортсментӕ ӕмӕ хуымӕтӕг цымыдисон цӕрджытӕн. Ахӕм мадзӕлттӕй ӕрыгон адӕмы фӕнды равдисын, кӕй кад кӕнынц хистӕр фӕлтӕрӕн ӕмӕ сын бузныг зӕгъын, фӕсивӕдӕн цӕвиттойнаг кӕй сты, уый тыххӕй.

Дзабиты Роланд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзабиты Роланд йӕ 75 азы юбилейыл ӕмбӕлы йӕ уарзон куысты

Фыццаг акци "Сымахӕй стӕм сӕрыстыр" уагъд ӕрцӕудзӕн дыццӕджы, 19.30 сахатыл Хӕтӕгкаты Къостайы скверы. Изӕр нывонд у Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргӕнӕг Дзабиты Роландӕн, кӕцы ныр 50 азы хъомыл кӕны рӕзгӕ фӕлтӕрты. Уый цытӕн бацӕттӕгонд ӕрцыд ӕнӕхъӕн программӕ, кӕцыйы фӕлгӕтты ӕрыгон адӕм ӕрдзурдзысты йӕ профессионалон фӕндагыл, бынӕттон зарӕггӕнджытӕ сӕххӕст кӕндзысты музыкалон композицитӕ. Изӕры ӕлхынцъон аккорд суыдзӕн "ирон хъазт", цы ран хайад райсдзысты ӕрӕмбырдуӕвджытӕ.

Фидӕны ӕрыгон адӕмы къорд рацарӕзт ӕрцӕудзӕн ӕхсӕнадон змӕлдмӕ, кӕцыты раз уыдзӕн ӕвӕрд нысан — аразын, иннӕтӕ дзургӕ цӕуыл кӕнынц, уый.

Ӕвзонг адӕм ныридӕгӕн ауагътой акци "Хӕлар сӕрд" — дидинджыты сӕдӕгай губакктӕ байуӕрстой Цхинвалы цӕрджытыл. Ӕвзонг активистты плӕнтты ма ис тынг бирӕ фӕндтӕ, сӕ алфамблай дуне куыд фӕрӕсугъддӕр ӕмӕ аивдӕр кӕной, уый фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0