Зындгонд журналист Павел Шеремет фӕмард Киевы срӕмыгъды рӕстӕджы

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæЖурналист Павел Шеремет
Журналист Павел Шеремет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полици ӕнхъӕлы, ӕмӕ Шеремет цы машинӕйы уыд, уый спырх кодтой сахатон механизм кӕнӕ радиосигналы руаджы.

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Зындгонд журналист Павел Шеремет фӕмард Киевы, машинӕйы спырхы рӕстӕджы украинӕйаг столицӕйы центры.

Националон полицийы сӕргълӕууӕг Хатия Деканоидзе банысан кодта, ацы хъуыддаджы равзӕрст ын кӕй суыдзӕн "намысы хъуыддаг".

"Шеремет уыд мӕ хорз зонгӕ. Уый ссис фыццаг адӕймаг, интервью кӕмӕн раттон. Уыд хорз журналист, уымӕ гӕсгӕ мын йӕ амӕлӕты равзӕрст уыдзӕн "намысы хъуыддаг", — загъта уый.

Украинӕйы мидхъуыддӕгты министры уынаффӕгӕнӕг Антон Геращенко та фехъусын кодта, рӕмудзӕн ӕрмӕг кӕй спырх кодтой радиосигнал, науӕд та сахатон механизмы руаджы.

Шереметы амарыны хъуыддаджы фӕдыл баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг.

Украинӕйы президент Петр Порошенко ӕрдомдта тыхон структурӕтӕй журналисты марджыты ссарын.

Киевы 44-аздзыд Павел Шеремет цард фӕстаг фондз азы — 2012 азӕй архайдта "Украинская правда"-йы, 2015 азы сентябрӕй фӕстӕмӕ та уагъта авторон алӕвӕрд "Радио Вести"-йы.

Украинӕмӕ ацӕуыны размӕ, Шеремет куыста Фыццаг каналыл, уыд ӕрвылкъуырион авторон алӕвӕрд "Время"-йы амонӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0