ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Козаты Дианӕ. Операци "Æ"-йы иууылд активондӕр хайад райстой Дзӕуджыхъӕуы цӕрджытӕ, радзырдта Sputnik акцийы организатортӕй иу Зӕгъойты Рустам.
Националон ӕвзаг бахъахъхъӕныны нысанӕн гуырахстджын акци уагъд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны, афтӕ ма цалдӕр уӕрӕсейаг горӕты 15 майы, Ирон ӕвзаджы бон. Акцийы рӕстӕджы Цхинвал, Дзӕуджыхъӕу, Мӕскуы ӕмӕ Волгограды ӕууыл адæмарæх бынӕтты волонтертӕ уӕрстой ирон тырысайы хуызтӕй конд къухылдарæнтæ. Иу къухылдарӕны аргъ уыд 100 сомы.
Зӕгъойты Рустам банысан кодта, фӕстаг рӕстӕджы Цӕгат Иры кӕй ӕрфидар ӕвзаджы проблемӕйы ӕмбарынадмӕ тенденци ӕмӕ йӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн ист кӕй цӕуынц алыгъуызон мадзӕлттӕ.
"Ацы архӕйдтытӕ хорзыл нымайынц къухдариуӕгад, хицӕн адӕм, компанитӕ, кӕцытӕн сӕ фылдӕр сарӕзтой къух. Зӕгъӕм, Цӕгат Ирыстоны уый у "Меркада-групп", чиныджы дуканитӕ, ресторанты хызӕг "Бавария" ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ, Хуссар Иры та — кафе Vincenco ӕмӕ цалдӕр дуканийы", — загъта уый.
Цхинвалы къухдарӕнтӕн балхӕнӕн уыд иууыл популярон ӕмӕ уарзондӕр улӕфӕн бынат — кафе Vincenco-йы. Фӕсивӕд сӕ сӕхицӕй дарддӕр, ӕлхӕдта сӕ зонгӕтӕн дӕр.
"Балхӕдтон къухылдарӕнтӕ мӕхицӕн ӕмӕ ме ‘мбалӕн, уыдон тынг аслам сты, бирӕтӕ нӕ нӕдӕр бамбарынц, ӕрвылбон 200-300 сомы цӕуыл хардз кӕнынц. Ӕмӕ кӕд нӕ хайадист акцийы исты пайда хӕссы, уӕд нын у тынг ӕхсызгон. Националон хуызты арӕзт къухылдарӕнтӕ та ӕз дарын тынг зӕрдиагӕй", — дзуры Ӕрсойты Ленӕ.
"Операция Æ" организатортӕн бантыст ӕрдӕг милуан сомы ӕрӕмбырд кӕнын. Зӕгъойты Рустам фехъусын кодта, ӕрӕмбырдгонд фæрæзтæ хардз æрцæудзысты популярон мультфильмтæ ирон æвзагмæ тæлмац кӕныныл, фӕлӕ нырма бӕрӕг нӕу цы мультфильмтыл.
"Фарст нырма скъуыддзаг нӕу, ныридæгæн цæуынц бадзырдтӕ ацы мультфильмты барты хицæуттимæ", — загъта Зӕгъойты Рустам.
Иу сери тӕлмацы аргъ цас слӕудзӕн, уый дӕр фӕбӕрӕг уыдзӕн официалон бадзырд бафыссыны фӕстӕ.
Рустамы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хуыздӕр уаид ирон оригиналон мультфильм саразын, "кӕцы фӕстӕдӕр ратӕлмац кӕниккой ӕндӕр ӕвзӕгтӕм".
"Мах ма ауагътам ӕрфарст, цы мультфильм фӕндид адӕмы ирон ӕвзагмӕ тӕлмацӕй бакӕсын ӕмӕ иууыл популярондӕр разынд "Ну, погоди!", — загъта уый.
Организатортӕ нысан кӕнынц, акци кӕй цӕуы уагъд уый тыххӕй, цӕмӕй хицауад ӕмӕ ӕхсӕнад сӕ хъусдард ахдахой, националон ӕвзаг кӕй хъӕуы хъахъхъӕнын цыфӕнды тых ӕмӕ фӕрӕзтӕй дӕр.Зӕгъойты Рустамы ныхӕстӕм гӕсгӕ, къухылдарӕнтӕй ӕрӕмбырдгонд ӕхца у ӕрмӕстдӕр "фурды тъепа, афтӕмӕй та культурӕ, ӕвзаг ӕмӕ аивады хъӕуы ӕвӕрын фылдӕр фӕрӕзтӕ, ӕмӕ цӕмӕй ацы архайдтытӕ уой пайдахӕссӕг, уый тыххӕй та хъӕуы махӕй алкӕй ӕххуыс дӕр".