ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Хӕхтыл ӕвзӕр боныгъӕд кӕй ис, уый зынвадат кӕны Мӕскуыйаг альпинисткӕйы бацагуырд, кӕцыйы арв ныццавта Хъазбеджы хохмӕ сцыды рӕстӕджы, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Цӕгат Ирыстоны УУМ сӕйраг управленийы пресс-службӕ.
"Цыппӕрӕмы альпинисткӕйы бацагуырд зынвадат кӕны ӕвзӕр боныгъӕд. Уый аххосӕй нӕй спайда гӕнӕн вертолетӕй дӕр. Ӕвзӕр боныгъӕд ма нӕ уадзы кусын ирвӕзынгӕнджыты фистӕг къорды дӕр, кӕцы ныртӕккӕ ис 3,8 мин метры бӕрзӕндӕн", — банысан кодтой пресс-службӕйы.
Фондз адӕймаджы къорды сконды альпинисткӕ арӕзта сцыд Хъазбеджы хохмӕ Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй. Дыццӕджы, 4,9 мин метры бӕрзӕндыл, къорд цы районы уыд, уый ныццавта арв, цӕй фӕстиуӕгӕн спортсменкӕйы фехстӕуыд къуылдыммӕ уӕрӕсейаг фарсыл. Альпинисткӕйы агурынмӕ ацыдысты Цӕгат Ирыстоны УУМ-ы агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорды авд ирвӕзынгӕнӕджы.
Ӕртыццӕджы агурӕн мадзӕлтты спайда кодтой вертолетӕй дӕр, кӕцы сарӕзта дыууӕ атахт, фӕлӕ ирвӕзынгӕнджыты къухты ницы ӕнтыст бафтыд.