Бӕройты Хасан: Уӕрӕсейы сфӕнд кодтой спорты уылты ӕлхъивын

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæОлимпиаг ӕмӕ дунейы дыууӕ хатты чемпион Бӕройты Хасан
Олимпиаг ӕмӕ дунейы дыууӕ хатты чемпион Бӕройты Хасан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Олимпиаг ӕмӕ дунейы дыууӕ хатты чемпион Бӕройты Хасан сарӕзта комментаритӕ CAS-ы тӕрхонӕн - Риойы Олимпиадӕмӕ уӕрӕсейаг рог атлетикӕйы спортсменты ма бауадзыны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Спортивон арбитражон тӕрхондоны уынаффӕйы фӕстиуджытӕ суыдзысты катастрофон уӕрӕсейаг ӕмбырдгондӕн Олимпиадӕ-2016 Рио-де-Жанейройы, фехъусын кодта грекъаг-римаг стилы уӕрӕсейаг хъӕбысӕйхӕцӕг, 2004 азы олимпиаг чемпион ӕмӕ дунейы дыууӕ хатты чемпион Бӕройты Хасан.

Спортивон арбитражон тӕрхондон (CAS) нӕ райста цыппӕрӕмыУӕрӕсейы олимпиаг комитеты ӕмӕ Рог атлетикӕйы федерациты ӕхсӕнадӕмон ассоциацийы 68 спортсменты домӕн. Уымӕ гӕсгӕ, уӕрӕсейаг спортсментӕ рауадздзысты Рио-де-Жанейройы Олимпиадӕ.

"Ӕмбырдгондӕн йӕ ӕртыккаг хай сты рог атлетикӕйы спортсментӕ. Мах фесафдзыстӕм бирӕ майдантӕ, уый нымӕцы сыгъзӕринтӕ ӕмӕ ныллӕг бынат ӕрцахсдзыстӕм иумӕйагкомандон бахыгъды. Иууыл тӕригъӕддӕр та сты спортсментӕ, кӕцытӕ бирӕ рӕстӕг сӕхи цӕттӕ кодтой ацы ерыстӕм", — банысан кодта уӕззау атлетикӕйы спортсмен.

Олимпиаг чемпионы хъуыдымӕ гӕсгӕ, спорт схӕццӕ кодтой политикӕимӕ.

"Уый ницы хуызы хъӕуы руадзын. Нӕ сыхӕгтӕ уавӕр уынынц ӕндӕргъуызон ӕмӕ алы мадзӕлттӕй хъавынц нӕ бӕстӕйы хурх кӕнын, уый нымӕцы спорты уылты дӕр. Мӕнӕн, куыд спортсменӕн, афтӕ тынг хъыг у", — банысан кодта Бӕройты Хасан.

Ивгъуыд ноябры IAAF дисквалификаци сарӕзта Рог атлетикӕйы ӕппӕтуӕрӕсейаг федерацийы (РАӔФ) спортсментӕн допинг-скандалы аххосӕй, цӕй фӕстӕ уӕрӕсейаг спортсменты аиуварс кодтой ӕхсӕнадӕмон ерыстӕй. IAAF совет 17 июны ныууагъта РАӔФ-ы дисквалификаци йӕ тыхы.

Ног хабӕртты лентӕ
0