Гергиты Валерий УФ иууыл номдзыддæр стъалыты номхыгъды æрхауд 27 бынатмæ

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæГергиты Валерий
Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Журнал "Форбс"-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ирон дирижер ис æрмæстдæр 27 бынаты. 2013-2014 ӕзты уый уыд æртыккаг æмæ цыппæрæм бынæтты.

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Уæрæсейы иууыл хъæзныгдæр æмæ номдзыддæр стъалыты номхыгъд сифдар кодта журнал "Форбс". Йæ бæрӕггæнæтæм гæсгæ, зынгӕ ирон дирижер Гергиты Валерий ацы аз ис æрмæстдæр 27-ӕм бынаты.

Гергиты Валерийы оркестр Пальмирайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин схорзӕхджын кодта Гергиты Валерийы Александр Невскийы орденӕй

2013-2014 ӕзты ирон музыкант уыд æртыккаг æмæ цыппæрæм бынæтты.

Уæрæсейы фыццаг стъалыты номхыгъды сты теннисистка Мария Шарапова, зарæггæнджытӕ Григорий Лепс, Сергей Шнуров ӕмӕ Филипп Киркоров, хоккеист Александр Овечкин, модель Наталья Водянова æмæ æндæртæ.

Журнал "Форбс" номдзыд стъалыты номхыгъд сфидар кæны дзыллон информацийы фæрæзты уацтæ, азы дæргъы сæ æфтиагы бæрц æмæ æндæр бæрӕггæнæнтыл æнцойгæнгæйæ. Ӕдӕппæтæй реестры ис 50 номы.

Журнал "Форбс"-ы бæрæггæнæтæм гæсгæ ирон дирижер ис æрмæстдæр 27 бынаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0