Плиты Беллӕйы сфидар кодтой ЦӔК-ы сӕргълӕууӕгӕй ноджы фондзазон ӕмгъуыдмӕ

© Sputnik / Руслан Вахаев /  Ахизын медиабанкмæПлиты Беллӕ
Плиты Беллӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй хорзыл банымадтой Плиты Беллӕйы кандидатурӕ, кӕцы парламенты размӕ рахаста республикӕйы президент.

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ дыццӕджы ӕмхъӕлӕсӕй хорзыл банымадтой Плиты Беллӕйы кандидатурӕ централон ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ.

Плиты Беллӕйы кандидатурӕ раздӕр раразмӕ кодта Тыбылты Леонид, ацы азы августы йӕ ӕххӕстбарты ӕмгъуыд кӕронмӕ кӕй бахӕццӕ уыдзӕн, уый фӕдыл.

"Мах раразмӕ кодтам Плиты Беллӕйы кандидатурӕ радон фондзазон ӕмгъуыдмӕ. Йӕ кандидатурӕ рацыд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг процедурӕтӕ, ӕркастыстӕм ӕм комитеты, лӕвӕрд ын ӕрцыд ӕвӕрццаг хатдзӕг ӕмӕ ныр курӕг стӕм ацы кандидатурӕйы фарс рахӕцын", — загъта закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынды парламентон комитеты разамонӕг Коцты Олеся.

Уый банысан кодта, закондӕттынадмӕ бахастгонд ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ, Плиты Беллӕ ЦӔК-ы сӕргълӕууӕджы бынаты кусдзӕн иудадзыг бындурыл ӕмӕ ахуырадон, зонадон ӕмӕ сфӕлдыстадон архайдӕй дарддӕр ын, бар нал уыдзӕн ӕндӕр куыст кӕнын.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент хорзыл банымадта Плиты Беллӕйы кандидатурӕ ЦӔК-ы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ

Плиты Бӕллӕ равдыста ныфс, ЦӔК-ы ног сконд ӕмбӕлонӕй кӕй ӕххӕст кӕндзӕн йӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ бӕрзонд ӕмвӕзадыл ауаддзӕн иннӕ аз президентон ӕвзӕрстытӕ.

Парламенты сесси ма сфидар кодта кандидатты номхыгъд, кӕцытӕ бацӕудзысты ЦӔК-ы ног скондмӕ ӕмӕ фӕстаг барастгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ, дарддӕр кусдзысты ӕрдӕгпрофессионалон бындурыл.

ЦӔК-ы ног скондмӕ бацыдысты авд уӕнджы, кӕцыты раразмӕ кодтой парламентон партитӕ.

"Иугонд Ирыстон"-йӕ — Гӕджиты Эмилия Радикы чызг, Лалыты Иринӕ Юрийы чызг, Остъаты Ханджер Сандройы фырт ӕмӕ Туаты Артур Алиханы фырт.  Адӕмон парти раразмӕ кодта Гаглойты Таира Хазбийы чызджы, кӕцы куыста ЦӔК-ы раздӕры сконды. Парти "Ныхас"-ӕй ЦӔК-ы уыдзӕн Джиоты Агуындӕ Сергейы чызг, парти "Адӕмы иудзинад"-ӕй та — Цхуырбаты Сослан Гарикы фырт.

Раразмӕгонд кандидатты фарс депутаттӕ рахӕцыдысты ӕмхъӕлӕсӕй. ЦӔК ӕххӕстӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн, президент йӕ авд кандидатурӕ куы ӕрбавдиса, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0