Хуссар Иры сараздзысты дыууӕ заводы ӕмӕ ныссадздзысты интенсивон дыргъдӕттӕ

© Sputnik / Наталья БосиковаЭкономикӕйы министр Зӕгъойты Вильям
Экономикӕйы министр Зӕгъойты Вильям - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Инвестицион агентады проектты фӕлгӕтты арӕзт ӕрцӕудзӕн фыдызгъӕлы завод, ныссаддзысты интенсивон хуыз дыргъдӕттӕ ӕмӕ скусдзӕн базальтон кондад.

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Арӕзтадон хъуагдзинӕдты тыххӕй базальтон кондад Хуссар Ирыстоны территорийыл баконд ӕрцӕудзӕн ӕввахс азы мидӕг, фехъусын кодта пресс-конференцийы рӕстӕджы РХИ экономикон райрӕзты министр Зӕгъойты Вильям.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл бӕрзондтехнологион кондады фӕдыл бадзырдтӕ уагъд цӕуынц афӕдзмӕ ӕрдӕгы мидӕг. Дыууӕ мӕйы мидӕг арӕзт ӕрцӕудзӕн бадзырд проекты инициатор ӕмӕ инвестагентады ӕхсӕн, иу азы мидӕг та кондад лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн эксплуатацимӕ", — загъта Зӕгъойты Вильям.

Министр банысан кодта, инвестагентады проектты фӕлгӕтты Цхинвалы ныридӕгӕн арӕзт кӕй ӕрцыд кафе "Vincenzo", реализацимӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дыууӕ проекты — фыдызгъӕлы завод ӕмӕ интенсивон хуызы дыргъдӕттӕ.

"Ацы проекттӕ ӕрцыдысты хорзыл нымад ӕмӕ сын рахицӕн ӕрцыд кредит инвестагентадӕй. Ныртӕккӕ фыццаградон кустытӕ ӕххӕст цӕуынц дыууӕ объектыл дӕр", — загъта министр.

Зӕгъойты Вильям ма загъта, инвестагентадӕн ӕндӕр гӕнӕн кӕй нӕ уыд, хуссарирыстойнаг компани "Петрикор"-ӕн "нӕ" зӕгъынӕй дарддӕр, кӕцы фӕнд кодта фыдызгъӕлы-ӕхсыры завод Аунеуы хъӕуы саразын.

Уанеты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уанеты Вадим: ног завод сифтонг кæндзæн Хуссар Иры фыдызгъæлы продукцийæ 50% бæрц

"Инициатор цы бизнес-планы проект раразмӕ кодта, ууыл инвестагентад бакуыста ӕмӕ йӕ аиуварс кодта. Агентад банымадта, зӕгъгӕ, проекты инициатор цы ӕхцайы фӕрӕзтӕ куры, уыдон сты егъау ӕмӕ ма кӕй ис гӕнӕн ӕмӕ фидӕн, ӕхцайы хъуагдзинады тыххӕй, ацы проект суа банкрот", — загъта министр.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, компани "Петрикор"-ӕй дарддӕр, ӕндӕр амалиуӕггӕнджытӕ, нӕ равдыстой хъӕппӕрис ацы объекты арӕзтады хайад райсын.

Ног хабӕртты лентӕ
0