— Алла, гом арвы бын цы концерттӕ уадзыс, уыдоны вӕййы цавӕрдӕр уӕлдай атмосферӕ. Кӕд та барухс кӕндзынӕ ӕхсӕнады зӕрдӕ Дӕ концертӕй?
— Бузныг, уӕ фӕхуынды тыххӕй! Ӕхсызгон мын у уазӕгуаты Sputnik ӕрбацӕуын. Концерт ныридӕгӕн у цӕттӕ ӕмӕ уагъд ӕрцӕудзӕн 28 июлы 19 сахатыл Къостайы цырты цур. Концерт уагъд ӕрцӕудзӕн ныр цыппӕрӕм хатт, фӕлӕ ацы хатт ацӕудзӕн уӕрӕхдӕрӕй. Уый уыдзӕн музыкӕйы фестиваль. Фӕнды мӕ ӕрбамбырд кӕнын фӕсивӕды, музыкантты, ме мгӕртты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирӕй, цӕмӕй иумӕ ралӕууӕм ацы фестивалы. Ныфс мӕ ис, кӕй нын бантысдзӕн саразын хорз музыкалон бӕрӕгбон.
— Чи у ацы фестивалы организатор?
— Организатор мӕхӕдӕг дӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, культурӕйы министрад ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты ӕххуысӕй.
— Фӕстаг цалдӕр азы концерттӕ уагъд цӕуынц ӕрмӕстдӕр Къостайы цырты цур. Уыцы бынаты цӕмӕн?
— Чысылӕй фӕстӕмӕ хъуыстон, кӕддӕр ацы скверы, горӕты астӕу, уагъд кӕй цыдысты концерттӕ, цыран-иу ӕрӕмбырд сты поэттӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ… Музыкӕйыл куы фӕцайдагъ дӕн, уӕд мӕ ӕрфӕндыд, цӕмӕй ацы традици фӕстӕмӕ сӕндидза ӕмӕ та горӕты центры айзӕла хорз музыкӕ. Уӕлдайдӕр та сӕрдыгон рӕстӕг, цӕмӕй алы цӕуӕг дӕр хъуса музыкӕйы зӕлтӕ. Фӕнды мӕ, цӕмӕй фестиваль азӕй азмӕ хъӕздыг кӕна музыкалон инструменттӕй. Ацы аз изӕр уыдзӕн хъӕздыгдӕр — уыдзӕн дзы аккордеон ӕмӕ скрипкӕ.
— Куыд ӕмбарын, афтӕмӕй концерт-фестиваль у ӕнӕаргъ. Алкӕмӕн дӕр ис фадат ӕрбацӕуын ӕмӕ байхъусын музыкӕмӕ. Дӕ сфӕлдыстадон архайд финансон пайда нӕ хӕссы?
— Кӕцӕй кӕдӕм финансон пайда? Зарджытӕ гуырынц — ӕз зарын. Кӕй зӕгъынӕй хъӕуы, чысыл концерт саразынӕн дӕр хъӕуы финансон хӕрдзтӕ. Ӕз бузныг дӕн культурӕйы министрад ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитетӕн, ӕмӕ, кӕй зӕгъынӕй хъӕуы ме мбӕлттӕн, ӕххуысы тыххӕй.
— Цавӕр роль хъазы музыкӕ дӕ царды?
— Музыкӕйӕн мӕ царды ис цымыдисон фӕндаг. Фыццаг уал ахуыр кодтон аккордеон, фӕлӕ сӕрмагонд уавӕртӕм гӕсгӕ, ныууагътон музыкалон ахуыргӕнӕндон. Тынг нӕ уарзтон ацы музыкалон инструмент — ӕввахсдӕр мын уыдысты гитарӕйы зӕлтӕ, кӕцытӕ нӕ хызтысты мӕ зӕрӕй — уый уыд цавӕрдӕр амынӕт. Ӕз райдыдтон ахуыр кӕнын гитарӕйыл хъазын.
— Цавӕр инструменттыл ма дӕ фӕнды сахуыр кӕнын хъазын?
— Ахуыр кӕнын уадындзыл хъазын. Мӕ бӕллиц у дыууадæстæнон фæндырыл сахуыр кӕнын, ирон националон инструментыл. Хъыгагӕн, ахӕм инстумент мӕм нӕй, фӕлӕ мӕ тынг фӕнды.
— Цы Дӕ удцырын кӕны де сфӕлдыстады?
— Зын у ацы фарстӕн дзуапп раттын. Кӕйдӕр сабырдзинад удцырын кӕны, кӕй ӕрдз, кӕй та хибардзинад… Ӕз ахӕм адӕмы нымӕцмӕ нӕ хауын. Мӕ зарджытӕ райгуырынц хуымӕтӕг уавӕрты. Ис мын зарӕг уырыссаг ӕвзагыл "Колыбельная", кӕцы райгуырд, ме‘мбалы сывӕллонмӕ иу рӕстӕджы куы кастӕн, уӕд. Ис зарджытӕ, кӕцытӕ райгуырынц ӕртӕ минутмӕ, афтӕмӕй ис зарджытӕ, кӕцытӕ фыст цӕуынц азгӕйттӕ. Ныр ӕхсӕзӕм аз фыссын иу композици.
— Ӕнцонӕй бахъуыды кӕныс музыкӕ ӕви йӕ ӕнӕмӕнгӕй ныффыссыс?
— Нӕдӕр нотӕтӕ фыссын, нӕдӕр музыкӕ. Алцыдӕр дарын мӕ сӕры, музыкӕ та райгуыры мӕ хъусты. Нӕ йӕ зонын, кӕцӕй фӕзыны. Уый у музыкӕ ӕмӕ зӕлты цавӕрдӕр дуне. Фӕнды мӕ ацы ӕнкъарӕнтӕ адих кӕнын зарджыты руаджы.
— Цы ӕвзӕгтыл сты Дӕ зарджытӕ?
— Мадӕлон ӕмӕ испайнаг ӕвзӕгтыл. Испайнаг ӕвзагимӕ мын ис уӕлдай хӕларад чысылӕй фӕстӕмӕ. Ирон ӕмӕ испайнаг ӕвзаг сты мӕ уды дыууӕ хайы. Фӕстӕдӕр, Дзӕуджыхъӕумӕ цӕрынмӕ куы ацыдтӕн, уӕд ахуыр кӕнын райдыдтон испайнаг ӕвзаг. Афтӕ рауад ӕмӕ мӕ фыццаг зарӕг дӕр уыд испайнаг ӕвзагыл Федерико Гарсия Лоркайы ӕмдзӕвгӕйыл.
— Арӕх фӕзарыс ирон поэт Хаджеты Таймуразы ныхӕстыл фыст зарджытӕ. Цӕмӕн?
— Кӕддӕр мӕм бахатыдысты сфӕлдыстадон изӕры мӕ зарджытӕ сӕххӕст кӕнын ӕмӕ мын балӕвар кодтой Хаджеты Таймуразы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд. Иу ӕмдзӕвгӕ мыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ дыккаг бон куы райхъал дӕн, афтӕ ныффыстон музыкӕ йӕ ӕмдзӕвгӕ "Ирыстонӕн". Цас фылдӕр зонгӕ кодтон йе сфӕлдыстадимӕ, уас мӕм фыддӕр каст, цыма ацы адӕймагимӕ рагӕй зонгӕ стӕм.
— Нӕ фӕсивӕд сӕйраджыдӕр хъусы ныгуылӕйнаг эстрадӕмӕ. Цы хъӕуы саразын ирон музыкӕйы популяризацийӕн?
— Зын фарст у. Алцыдӕр хистӕр карыл баст у. Сывӕллоны хъӕуы хъомыл кӕнын музыкалон культурӕ. Хъӕуы, цӕмӕй сывӕллӕттӕ хъусой хорз музыкӕмӕ, уый ис махмӕ, фӕлӕ фӕсивӕды ӕхсӕн нӕу популярон. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, эстрадон музыкӕ ис кӕуинаг уавӕры. Уавӕр рараст кӕныны тыххӕй, ацы фарстыл хъӕуы ӕнгом кусын, уымӕн ӕмӕ нӕм ис тынг бирӕ курдиатджын адӕм, уыдон нымӕцы сывӕллӕттӕ. Хорз уаид, куы ӕнкъариккой ӕххуыс.