Тыбылты Леонид ӕмӕ Владислав Сурков ӕруынаффӕ кодтой экономикӕйы къабазы ӕмгуыстадыл

© Sputnik / Алексей КовалевХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Телефонон бастдзинады руаджы банысан ӕрцыд, уӕрӕсейаг фарс хорзыл кӕй нымайы ӕмгуыстады гъӕд ӕмӕ Хуссар Ирыстоны экономикӕйы райрӕзт.

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид, премьер Хъуылымбегты Доменти ӕмӕ УФ президенты ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурков телефонон бастдзинады руаджы ӕруынаффӕ кодтой Хуссар Ирыстоны экономикӕйы фарстытыл, фехъусын кодта РИА Новостийӕн Политикон конъюктурӕйы центры директор Алексей Чеснаков.

Чеснаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "ныхасы рӕстӕджы дзырд цыд экономикӕйы къабазы иумӕйаг куысты фарстытыл".

"Банысан ӕрцыд, уӕрӕсейаг фарс хорзыл кӕй нымайы ӕмгуыстады гъӕд. Бахахх ӕрцыд инвестицион программӕ ӕххӕст кӕныны, сӕрмагонд бизнесы размӕцыды, Хуссар Ирыстоны фӕндӕгты арӕзтады фӕдыл хицауады куыст", — банысан кодта Чеснаков.

Ног хабӕртты лентӕ
0