Цӕгат Ирыстоны къуырийы размӕ фесӕфтысты чызг ӕмӕ лӕппу

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Ирыстон
Цӕгат Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуырийӕ фылдӕр Цӕгат Ирыстоны агурынц дыууӕ сывӕллоны, кӕцытӕ рахызтысты хӕдзарӕй 18 июлы ӕмӕ абоны онг дӕр никӕмӕ ис бӕлвырд зонӕнтӕ, кӕм сты. Дыууӕ цауы кӕрӕдзиимӕ баст не сты, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ зонгӕ не сты.

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны полици ӕмӕ хиуӕттӕ къуырийӕ фылдӕр агурынц 13-аздзыд Гӕмӕонты Кристинӕйы, хъусын кӕны 15 регион.

Чызг ацыд хӕдзарӕй 18 июлы ӕмӕ кӕм ис, уый бӕрӕг нӕй.

Кристинӕ цы бон фесӕфт, уыцы бон ма фесӕфт иу сывӕллон — 15-аздзыд Данила Пузиков ацыд хӕдзарӕй 18 июлы изӕрӕй ӕмӕ фесӕфт.

Фесӕфӕг сывӕллӕтты тыххӕй бӕлвырд зонӕнтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй курӕг сты, цӕмӕй фехъусын кӕной барадхъахъхъӕнӕн органтӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0