Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Ирыстоны ауагътой ахуыртӕ

© Sputnik / Сергей Карпов /  Ахизын медиабанкмæАхуыртӕ
Ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддон ӕхстыты райстой хайад иу минӕй фылдӕр ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ ӕмӕ 300 иуӕджы ӕфсӕддон техникӕ, хъусын кӕны ХӔЗ.

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik. Уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ ауагътой ахуыртӕ ӕфсӕддон ӕхстимӕ Хуссар Ирыстоны, фехъусын кодтой Хуссар ӕфсӕддон зылды (ХӔЗ) пресс-службӕйы.

"РХИ-ы дислокацигонд ХӔЗ-ы уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайадтӕ, ауагътой ӕфсӕддон ӕхстытӕ "Дзарцъем"-ы полигоныл, — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕфсӕддон ӕхст уагъд цыд танктӕй Т72А, фистӕгӕфсады ӕфсӕддон машинӕтӕй БМП-2, артиллерион сармадзантӕй "Гвоздика", минометтӕй "Сани", автоматон ӕмӕ къухӕй гранатӕхсӕгтӕй АГС-17 ӕмӕ РПГ-7, ӕндӕр хӕцӕнгарзӕй.

Ахуырты райстой хайад иу мин ӕфсӕддон службӕгӕнӕгӕй фылдӕр — мотоӕхсӕн, танкон, артиллерион ӕмӕ сӕрмагонд дӕлхайадтӕ, 300 иуӕджы ӕфсӕддон техникӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0