Ӕртӕ парти не сразы сты РХИ министрты кабинетӕн ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ аргълӕвӕрды тыххӕй

© Sputnik / Ада БагианПарламенты бӕстыхай
Парламенты бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Парти "Иугонд Ирыстоны" ӕнӕконструктивон курсы" адарддӕры рӕстӕджы, Хуссар Ирыстоны парламенты партитӕй ӕртӕйы минӕвӕрттӕ сӕ дарддӕры куыст закондӕттӕн органы нымайынц ӕнӕрцӕугӕ хъуыддагыл.

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕртӕ парламентон парти фехъусын кодтой, разы кӕй не ′сты парламент хицауады архайдӕн цы аргъ радта, уый фӕдыл.

Парламент рабадты рӕстӕджы, дыццӕджы банымадта хицауады куыст ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕйыл.

Партитӕ "Адӕмы иудзинад", "Адӕмон парти" ӕмӕ "Ныхас" ралӕууыдысты цыппӕрӕмы фидиуӕнимӕ, парти "Иунӕг Ирыстон" ӕмӕ парламенты спикер Бибылты Анатолийы позициимӕ разы кӕй не сты. Фидиуӕны текст Sputnik ӕрбавдыста РХИ президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

"Скъуыддзаг рахаст ӕрцыд гуымир процедурон фехӕлдтимӕ: развӕлгъау ууыл нӕ цыд уынаффӕтӕ нӕдӕр парламентон комитетты рабадты, нӕдӕр парламенты президиумыл. Бӕрӕг у, "Иугонд Ирыстон" ӕмӕ Бибылты Анатолий ӕрбацыдысты сессимӕ цӕттӕ, кулуарон ӕгъдауӕй райст тӕрхонимӕ", — дзырдӕуы партиты фидиуӕны.

Ӕртӕ партийы минӕвӕрттӕ нысан кӕнынц, "иу ӕмӕ дыууӕ хатты кӕй не ′здӕхтой парламенты спикер ӕмӕ "Иугонд Ирыстон"-йӕ сӕ коллегӕтӕ-депутатты хъусдард, сӕ конфронтацион бацӕуӕн ӕххӕстгӕнӕн органты цыфӕнды архайдмӕ дӕр, кӕй у комкоммӕ фӕндаг республикӕйы уавӕры дестабилизацимӕ".

Хицауады сӕрдар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Премьер-министр: разы нӕ дӕн парламент хицауады куыстӕн цы аргъ скодта, уыимӕ

"Хъусын кӕнӕм, "Иугонд Ирыстон" ӕмӕ Бибылты Анатолий кӕй сӕвӕрдтой фарсты бын парламенты дарддӕры куыст. Парти "Иугонд Ирыстоны" ӕнӕконструктивон курс" кӕд адарддӕр уа, уӕд

Хуссар Ирыстоны парламенты партитӕй ӕртӕйы минӕвӕрттӕ сӕ дарддӕры куыст закондӕттӕн органы нымайынц ӕнӕрцӕугӕ хъуыддагыл", — фехъусын кодтой ӕртӕ партийы лидертӕ — Чилӕхсаты Владимир, Ӕлборты Алан ӕмӕ Плиты Александр, кӕцыты къухфысттӕ лӕууынц фидиуӕны бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0