Султан Ураган Цæгат Ирыстоны исы ног киноныв "Пиджак"

© Sputnik / Фото из архива Султана ХажирокоСултан Ураган
Султан Ураган - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Киноныв прокаты рацæудзæн 2017-æм азы уалдзæджы, ирон актертӕй дзы фӕлгонцтӕ сӕххӕст кӕндзысты Цæллаты Вадим æмæ Бытъæты Роберт. Æнхъæлмæ кæсынц Дзиуаты Анатолимæ дæр.

ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Зындгонд кӕсӕг-балхъараг актер Султан Ураган Цæгат Ирыстоны исы ног киноныв "Пиджак", хъусын кӕны ПТРК"Алания".

"Сторм Синема"-йы проект "Пиджак" нырма исдзысты иу мæйы дӕргъы. Йӕ режиссер у Султан Ураган, кӕцыйӕн йӕ ном Хуссар Иры хъуыстгонд у зарӕг "Цхинвал"-ӕй.

Зындгонд актер Цаллаты Вадим хайад райста Sputnik.Кастыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зындгонд актер Цаллаты Вадим хайад райста Sputnik.Кастыты

"Сæйраг фӕлгонцтӕ ахъаздзысты зындгонд актер Семен Стругачев, аивадуарзджытæ йæ базыдтой киноныв "Особенности национальной охоты"-йæ, стæй Елена Бирюкова, хъазыд сериал "Саша+Маша"-йы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Аэропорт "Дзæуджыхъæу"-ы сисдзысты, кинонывы хъайтартæ Кавказмæ куыд æртахтысты, уый. Хицæн кадртæ ист цæудзысты Ирыстоны æмæ сыхаг республикæты хæхты.

Киноныв прокаты рацæудзæн 2017-æм азы уалдзæджы, ирон актертӕй дзы фӕлгонцтӕ сӕххӕст кӕндзысты Цæллаты Вадим æмæ Бытъæты Роберт. Æнхъæлмæ кæсынц Дзиуаты Анатолимæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0