ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр майрӕмбоны нысан кӕны йӕ 85 азы юбилей. Театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг ӕмӕ режиссер Дзуццаты Тамерлан радзырдта Sputnik паддзахадон драмтеатры размӕцыды этапты тыххӕй, профессийы равзӕрсты ӕмӕ фидӕнимӕ баст нывӕзтты тыххӕй.
Аивадон къухдариуӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, театрмӕ цӕуӕг алы сфӕлдыстадон фӕлтӕр дӕр-иу хаста йӕ хайбавӕрд театры райрӕзтмӕ, актертӕ ӕмӕ режиссертӕ мысыдысты ног фӕлгонцтӕ, спектакльтӕ, сӕ къухты ӕнтыстытӕ дӕр уымӕн ӕфтыд.
"Ӕз мӕхӕдӕг театрмӕ ӕрбацыдтӕн мӕ фантази, романтикӕ ӕмӕ чиныгуытӕ кӕсын кӕй уарзтон, уый фӕрцы. Мӕ бӕллиц уыд театры артист суӕвын, фӕлӕ театрмӕ куы ӕрбацыдтӕн ӕмӕ дзы куы акуыстон, уӕд бамбӕрстон, кӕй мӕ хъӕуы цӕуын режиссурӕмӕ, цӕмӕй аразон цы уынын ӕмӕ куыд уынын", — загъта Тамерлан.
Режиссер банысан кодта, ӕнӕрхъӕцӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы театры ног бӕстыхайы сырӕзтмӕ, цы ран театры труппӕ йӕ хъуыдытӕ рахӕссид сценӕмӕ.
"Хъыгагӕн, культурӕйы хӕдзар, цыран ныртӕккӕ цӕуынц репетицитӕ, нӕ дзуапп кӕны нӕ домӕнтӕн. Уымӕ гӕсгӕ, нын нӕй фадат ӕппӕт тыхтӕй кусын. Фӕлӕ театры ног бӕстыхайы фӕзындимӕ райхӕлдзӕн бирӕ проблемӕтӕ ӕмӕ фӕзындзӕн бирӕ фадӕттӕ", — загъта Дзуццаты Тамерлан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, театры нывӕзты ис цалдӕр премьерӕйы — Вильям Шекспиры комеди "Виндзорские насмешницы", трилоги "Сӕрмӕттӕ-Скифтӕ-Алантӕ" ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы "Фатимӕ".
"Ӕппӕт спектакльтӕ мах ӕвдисдзыстӕм нырма Профцӕдисты бӕстыхайы, ног бӕстыхаймӕ бацыдӕй та театры репертуары сӕйраг спектакль хъуамӕ суа "Фатима", — банысан кодта режиссер.
Театры бӕстыхайы арӕзтадон куыстытӕ сты фӕуынхъус, режиссер ӕрвылбон дӕр бабӕрӕг кӕны объекты куыстыты цыд. Уый уырны театры бӕстыхай, кӕй уыдзӕн Цӕгат Кавказы театртӕй иууыл рӕсугъддӕр.
Театры коллективӕн юбилейы фӕдыл раарфӕ кодта Тыбылты Леонид.
"Нӕ республикӕйы алкӕцы театралон сезон дӕр свӕййы стыр культурон цау, уый дзурӕг у актерты, режиссерты ӕмӕ театры кусджыты бӕрзонд профессионалон ӕмвӕзадыл", — банысан кодта Тыбылты Леонид.
Уый ма банысан кодта, "театр кӕд фӕнды дӕр уыдзӕн аивады сӕйрагдӕр здӕхӕнтӕй иу".