Фыссӕг Фазиль Искандер йӕ цардӕй ахицӕн Мӕскуыйы

© Sputnik / Анатолий Гаранин /  Ахизын медиабанкмæФазиль Искандер
Фазиль Искандер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыссӕг Фазиль Искандер амард Мӕскуыйы хуыцаубоны 31 июлы, фехъусын кодтой Уӕрӕсейы Фысджыты цӕдисы.

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. 80-ӕм азыл йӕ цардӕй ахицӕн фыссӕг Фазиль Искандер.

Фазиль Абдулы фырт Искандер райгуырд 1929 азы 6 марты, Сухумы. 1954 азы каст фӕцис Мӕскуыйы Горькийы номыл Литературон институт. Дыууӕ азы фӕстӕ ӕрӕздӕхт Абхазмӕ, райдыдта кусын

Паддзахадон рауагъдады абхазаг хайады редакторӕй.

1956 азӕй фӕстӕмӕ йӕ куыстытӕ регулярон ӕгъдауӕй мыхуыр цыдысты журнӕлтты:"Смена", "Неделя", "Костер", "Сельская молодежь" ӕмӕ ӕндӕрты. Искандеры ӕмдзӕвгӕты фыццаг ӕмбырдгонд рацыд уырыссаг ӕвзагыл Сухумы, 1957 азы. 1966 азы журнал "Новый мир"-ы мыхуыр ӕрцыд фыссӕджы фыццаг уацау — "Созвездие Козлотура".

1979 азы ӕнӕцензурон альманах "Метрополь"-ы хайад кӕй райста, уый тыххӕй иуварсгонд ӕрцыд советон рауагъдадӕй. Искандеры ног радзырдтӕ периодикӕйы рацыдысты ӕрмӕстдӕр 1984-1985 азты.

Искандеры радзырдтӕ ӕмӕ уацаутӕ тӕлмац ӕрцыдысты европейаг ӕвзӕгтӕм иууылдӕр.

Искандеры уацмыстӕм гӕсгӕ ист ӕрцыд цалдӕр кинонывы: "Воры в законе", "Пиры Валтасара, или Ночь со Сталиным", "Маленький гигант большого секса".

Искандер хорзӕхджын ӕрцыд "Фыдыбӕстӕйы раз сгуыхтдзинӕдты тыххӕй" ордентӕй III (1999), II (2004) ӕмӕ IV (2009) къӕпхӕнтӕй, Абхазы I къӕпхӕны орден "Кад ӕмӕ намыс"-ӕй.

Йӕ номыл схуыдтой чысыл планетӕтӕй иу.

2009 азы Абхазы банк рауагъта Фазиль Искандерӕн нывонд зӕрдылдарӕн ӕвзист згъӕрӕхца 10 апсары номиналӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0