ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Ӕрдзон газ цхинвайлӕгты хӕдзӕрттӕм 1-3 августы лӕвӕрд цӕудзӕн графикмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодта Sputnik ПУК "Энергоресурс"-ы структурон дӕлхайады директор Табуты Нугзар.
"Ӕрдзон газ ӕртӕ боны мидӕг лӕвӕрд цӕудзӕн къуылымпытимӕ. Газ хицӕн кӕндзысты райсом 8 сахатыл ӕмӕ иу ӕй фӕстӕмӕ ратдзысты 22 сахатыл", — загъта "Энергоресурс"-ы структурон дӕлхайады директор Табуты Нугзар.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, газы ахицӕн баст у газы хӕтӕл Дзуарыхъӕу-Цхинвалы цалцӕггӕнӕн куыстытимӕ.
"Газы хӕтӕлы 97-ӕм километрыл, кусджыты хъӕуы сбӕлвырд кӕнын, газ кӕцӕй хъуызы, уыцы бынат", — загъта Табуты Нугзар.
Уый ныфс радта, цӕрджытӕ ӕнӕ газӕй кӕй нӕ баззайдзысты, уымӕн ӕмӕ ӕрдзон ӕртаджы фӕстауӕрцтӕ фаг сты, цӕмӕй цалцӕггӕнӕн куыстыты рӕстӕгмӕ цхинвайлӕгты хӕдзӕртты уа газ ӕмӕ уыдон ма ӕййафой зынвадӕттӕ.
Бынӕттон цӕрджытӕ Sputnik куыд загътой, афтӕмӕй абон газы ифтонгад нӕ ныллӕууыд.
"Улӕфт бонты бынӕттон телеуынынадӕй фехъусын кодтой, 1-3 августы иу газ кӕй ахицӕн кӕндзысты райсомӕй изӕрмӕ. Абон нӕ бинонтӕ сыстадысты рагацау, цӕмӕй 8 сахаты онг — газ цалынмӕ ма ахицӕн уа, уӕдмӕ нӕхи сцӕттӕ кӕнӕм куыстмӕ", — загъта цхинвайлаг Мамиты Иринӕ.