Дмитрий Нагиев сӕххӕст кӕндзӕн Калоты Виталийы фӕлгонц

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæКалоты Виталий
Калоты Виталий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Киноныв "Непрощенный" рацӕудзӕн 2017 азы фӕззӕджы. Калоты Виталий развӕлгъау федта фильмы сценарий.

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Уӕрӕсейаг актер Дмитрий Нагиев сӕххӕст кӕндзӕн инженер Калоты Виталийы фӕлгонц Сарик Андреасяны киноныв "Непрощенный"-йы,  хъусын кӕны РИА Новости.

Киноныв "Непрощенный" рацӕудзӕн 2017 азы фӕззӕджы. Калоты Виталий развӕлгъау федта фильмы сценарий.

"Киноныв у адӕймагыл, иунæгдзинадыл ӕмӕ трагикон хъысмӕтыл. Нагиев у диссаджы актер ӕмӕ сӕрмагондӕй расӕрибар кодта рӕстӕг 2017 азы февралы мӕй. Уый рауаддзӕн зачъе, смӕллӕг кӕндзӕн йӕхи", — хъусын кӕны режиссеры ныхӕстӕ РИА Новости.

Калоты Виталийӕн 2002 азы йӕ бинонтӕ — йӕ бинойнаг ӕмӕ дыууӕ сабийы бабын сты авиакатастрофӕйы Бодены цады сӕрмӕ. Дыууӕ азы фӕстӕ уый амардта катастрофӕйы азымджыны — диспетчер Питер Нильсены ӕмӕ уый тыххӕй цыппар азы фӕбадт Швейцарийы ахӕстоны. 2008 азы йӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссӕрибар кодтой. Уый фӕстӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕ — Цӕгат Ирыстоны нысан ӕрцыд арӕзтады министры хӕдивӕгӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0