Цæгат Ирыстоны ацӕудзӕн автозгъорд "Роза ветров"

© Sputnik / Дмитрий Коробейников /  Ахизын медиабанкмæАвтозгъорд
Автозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Автомобилон азгъорды архайджытæ базонгæ уыдзысты Цæгат Ирыстоны традицитимæ æмæ æгъдæуттимæ, йæ культурон бынтæ æмæ историимæ.

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны 5-æм августы райдайдзæн æппæтуæрæсейаг æрвылазон автомобилон азгъорд "Роза ветров", хъусын кӕны 15 регион.

Автомобилон азгъорды архайджытæ базонгæ уыдзысты Цæгат Ирыстоны традицитимæ æмæ æгъдæуттимæ, йæ культурон бынтæ æмæ историимæ.

Стыр Уӕлахизы цытӕн автозгъорд ӕрхӕццӕ кӕны Цхинвалмӕ

"Маршрут райдайдзæн Бæлтайы хъæуы æмæ ахæццæ уыдзæн Суаргомыл, Хохы Санибайыл, Хъæрмыдон, Хъобан, Къæхтысæр, Дæргъæвс. Джимарайы лагерь сарæзтæуыдзæн æмæ уым архайджытæм æнхъæлмæ кæсы дыууæ хæрдмæцыды: къахæй — "Чызджыты хох"-ы рæбынмæ, дыккаг та — сæрмагонд хуызы ифтонггонд автомобильтыл — Цъатадоны цъитимæ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Фæстæмæ здæхгæйæ архайджытæ сæ фæндаг Куырттаты комыл ракæндзысты æмæ бабæрæг кæндзысты Мидæгрæбыны æхсæрдзæнтæ.

Хайад райсын кæй фæнды, уыдоны нымæц ныридæгæн у 30 адæймаджы, уыдон сты нæ бæстæйы алы регионты автомобилисттæ.

Автоазгъорд арæзт æрцæудзæн "Дзæуджыхъæуккаг клуб 4х4"-ы хъæппæрисæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0