Фыссӕджы фидарӕй уырны, Хуссар Ирыстон хъӕздыг кӕй у "цымыдисаг историтӕй", кӕцытӕй хъӕуы рахӕссын кино, литературӕ ӕмӕ нывгӕнджыты куыстытӕм.
— Ирон-гуырдзиаг хӕсты темӕ сырх хаххӕй цӕуы де ′сфӕлдыстадыл, тагъд та рацӕудзӕн Дӕ ног чиныг. Уый дӕр хӕстон темӕйӕн нывонд у?
— Уый хӕстон темӕ нӕу, фӕлӕ Хуссар Ирыстоны 1989-2008 ӕзты ӕмӕ ныр дӕр цы цӕуы, уый. Адӕм цардысты рӕстӕджы цавӕрдӕр скъуыддзаджы… Ацы цаутӕн ӕз уыдтӕн ӕвдисӕн ӕмӕ хайадисӕг. Нымайын, уый кӕй уыд нӕ историйы уникалон период ӕмӕ мыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ сфӕнд кодтон, ууыл ныффыссын.
- Ис адӕм, кӕцыты фӕнды барӕй ферох кӕнын, цы уыд ӕмӕ фӕлварынц сӕ дуне ӕмӕ сӕ цард ӕвӕрццаг эмоцитӕй байдзаг кӕнын. Цӕмӕн дӕ разӕнгард кӕны ацы темӕ?
— Фыццаджыдӕр сӕ мӕхӕдӕг банкъардтон. Цыфӕнды фыссӕг дӕр. Космосыл куы фысса, уӕддӕр фыссы йӕхиуыл. Фыссын, ӕцӕгӕйдӕр бынат цы цаутӕн уыд, Ирыстоны алы къуым дӕр йемыдзаг у цымыдисаг историтӕй, кӕцытӕ хъуамӕ уой ӕвдыст кино, литературӕ ӕмӕ нывгӕнджыты куыстыты. Фӕлӕ хъыгагӕн, ӕз уый уынӕг нӕ дӕн. Ууыл мӕ зӕрдӕ тынг риссы ӕмӕ мӕ бон куыд у, афтӕ архайын уыцы къабазы. Фӕлӕ мын иунӕгӕй уадиссаг ницы ӕнтыст уыдзӕн, ӕз бакодтон ӕрмӕстдӕр уӕлӕнгай цъар, хъӕуы къахын арфдӕр.
- Куыд хуыйны Дӕ ног чиныг, кӕм цӕуы мыхуыр? Зонӕм, кӕй ӕмбырд кӕныс фӕрӕзтӕ йӕ рауадзынӕн…
— "Иди сюда, парень!". Ис мын ахӕм радзырд. Чиныг ӕнӕхъӕнӕй арӕзт у радзырдтӕй — роман радзырдты. Алцыдӕр ӕмӕ алчидӕр сты кӕрӕдзиуыл баст, хъайтартӕ иууылдӕр хизынц иу радзырдӕй иннӕмӕ. Йӕ рауадзыны тыххӕй мын финансон ӕххуыс бакодтой Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕЦӕгат Ирыстоны хицауады раздӕры сӕрдар Тӕкъоты Сергей. Ацы чиныг дӕр, куыд йӕ размӕ уагъд чиныг, афтӕ, мыхуыр цӕуы Мӕскуыйы. Цхинвалы цӕмӕн нӕ? Раздӕры культурӕйы министр мын загъта, мӕ радзырдтӕ кӕй не ′сты ӕмбӕлон ирон менталитетӕн, уымӕн ӕмӕ дзы ис тынг бирӕ ӕлгъыст ӕмӕ ӕргом сценӕтӕ.
— Куыд хъуыды кӕныс, нырыккон культурӕйы уыдонӕн хъуамӕ уа бынат ӕви нӕ?
— Уынгмӕ куы рахизӕм, уӕд фендзыстӕм ӕмӕ фехъусдзыстӕм, уым цӕуыл цӕуы дзырд. Ис дзы ӕлгъыст дӕр ӕмӕ ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ хъӕуы фыссын рӕстдзинад, цӕмӕй чыныгкӕсӕг ма хъуыды кӕна, сайдӕй йыл кӕй цӕуынц.. мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фыссын хъӕуы алцыдӕр куыд у, афтӕ. Нӕ хъӕуы аив кӕнын ӕмӕ хъайтарты уӕлӕрвтӕм исын. Кӕд раст фыссыс, уӕд дзы ӕлгъыст дӕр уыдзӕн, ӕргом сценӕтӕ дӕр ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр. Уӕд дыл кӕсӕг дӕр баууӕнддзӕн.
— Дӕ уацмысты сӕйраг темӕ у Хуссар Ирыстоны фӕстаг дыууын азы цы цӕуы, уый. Нӕ фӕнд кӕныс ӕндӕр истӕуыл фыссын — уарзондзинад, ӕрдз, романтикӕ, фантастикӕ?
— Рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ аивын мӕ уацмысты тематикӕ. Вӕййы дзы фантастикӕ дӕр, ӕрдз дӕр ӕмӕ ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр. Фӕлӕ ног чиныгмӕ бацыдысты ахӕм радзырдтӕ, цыран ис ӕвдыст нӕ горӕты истори.
— Дӕхӕдӕг фыссӕг дӕ, фӕлӕ фӕрсгӕ та цы кӕныс? Цавӕр жанры уацмыстӕ цӕуынц дӕ зӕрдӕмӕ?
— Ӕз мӕ хъус дарын, цы цӕуы литературӕйы. Ратлмацгӕнӕг цӕмӕн ис, уый ӕвиппайды балхӕнын. Чингуытӕ кӕнӕ зӕрдыл сӕмбӕлынц, кӕнӕ нӕ. Фӕлӕ, уӕддӕр мӕ хъус дарын мыхуыры цы цӕуы, уымӕ. Нӕ уарзын жанртыл дзурын. Тынг уарзын Кафка, Селинджер, Джойс ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уырыссаг фысджыты.
— Кафка тынг цымыдисон равзӕрст у. Ӕмбарыс ӕй, цӕуыл фыссы? Зӕгъӕм, ӕз тынг на…
— Мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы йе ′взаг, фыссыны манерӕ. Фехъуыстон, кӕй иу ӕрӕмбырд кодта йӕ табугӕнджыты ӕмӕ иу сын йӕ уацмыстӕ каст, куыд цавӕрдӕр хъӕлдзӕг радзырд. Уымӕн нӕ уыд серьезон ахаст йӕ куыстытӕм.
— Ды нӕ кӕсыс Дӕ уацмыстӕ ӕмгӕрттӕн ӕмӕ хӕстӕджытӕн?
— Стыр тас мын ис публикӕйы раз лӕууынӕй. Скъолацы тынг ӕвзӕр ахуыр кодтон ӕмӕ иу мӕм фӕйнӕгмӕ куы фӕдзырдтой, уӕд иу фегуыппæг дӕн ӕмӕ иу райстон "дыууӕ".
— Чи у Дӕ сӕйраг критик?
— Мӕ нымадмӕ гӕсгӕ, тексттӕ хъуамӕ уой ӕмбӕлон цавӕрдӕр ӕмвӕзадӕн. Кӕд сӕ мыхуыр кӕнынц литературон журнӕлтты, уӕд ӕвзӕр не ′сты. Уымӕн ӕмӕ уым ис бӕлвырд стандарт.
Ныр мӕ радзырдтӕ нал ӕрвитын журнӕлттӕм. Цы ныффыстон, уыдон иууылдӕр ӕрцыдысты мыхуыр. Раздӕр мын дзырдтой, кӕй сӕ ныммыхуыр кӕндзысты, ӕз уыцы хъуыдыйыл ӕрцахуыр дӕн:"Нӕ сӕ ныммыхуыр кӕндзысты ӕмӕ сӕ ма ныммыхуыр кӕнӕд". Фӕлӕ иу бон, дыууыны онг куы схызт мӕ радзырдты нымӕц, уӕд сӕ райдыдтон ӕрвитын ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр журнӕлттӕм. Уырнгӕ дӕр мӕ нӕ кодта, куы мӕм райдыдтой дзурын, мӕ радзырдтӕ ныммыхуыр кӕныны ӕнхъарӕнимӕ. Бауырныдта мӕ, ӕрмӕстдӕр мӕ радзырдтӕ журналы куы бакастӕн, уӕд.
— Куыд хъуыды кӕныс, нырыккон фӕсивӕд цӕуылнӕ уал кӕсы чингуытӕ?
— Нӕ зонын, чизоны Интернет кӕй фӕзынд, уый тыххӕй…Нӕ хъуыдыкӕнынад иудадзыг тыхст у, нӕ хъуыдытӕ гӕлӕбутау ратӕх-батӕх кӕнынц. Интернет та у растдӕр ахӕм фӕрӕз — бакастӕ ӕмӕ райстай, цы информаци дӕ хъӕуы, уый.
Фӕлӕ, чингуытӕ ӕнӕмӕнгӕй хъӕуынц, уӕдта иу рӕсугъд бон электроифтонгад ӕрбайсӕфт?! Уӕдӕ раздӕры адӕм сӕ чингуытӕ куыд хъахъхъӕдтой. Уырны мӕ, иу бон виртуалондзинад кӕй фесӕфдзӕн ӕмӕ алчидӕр раздӕхдзӕн чингуытӕм.
— Зын у фыссӕджы хъысмӕт Хуссар Ирыстоны?
— Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, тынг зын.
— Сымах систат кино, кӕцы стӕй равдыстой Каннты. Нывӕзты ма дын ис исты киноныв сисын, зӕгъӕм, дӕ радзырдтӕм гӕсгӕ?
— Ойе. Фӕлӕ кинойӕн хъӕуы стыр ӕхцатӕ, уыдон та нӕм нӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды мӕ, цӕмӕй мӕ сценарийтӕ ссарой реализаци.