Цхинвалы байгом уыдзӕн дыууӕ равдысты

© Sputnik / Ада БагианРавдыст
Равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры нывгӕнджыты равдыст бакӕндзысты майрӕмбоны ПККЗ "Чермен"-ы. Ноджы ма иу равдыст та ӕрбайгом цыппӕрӕмы, ам та фенӕн ис Тугъанты Махарбеджы номыл нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны рауагъдонты дипломон куыстытӕ.

ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik. Цхинвалы ӕмрӕстӕджы байгом уыдзӕн дыууӕ равдысты, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Иры Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар Цхуырбаты Тамерлан.

ПККЗ "Чермен"-ы фойейы фенӕн уыдзӕн Нывгӕнджыты цӕдисы уӕнгты куыстытӕ. Мадзал сӕрмагондӕй цӕттӕ цӕуы ирон диаспорӕты уӕнгты ӕрцыдмӕ.

Ирон скульпторы куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны ӕнӕхин аивады равдыст байгом уыдзӕн цыппӕрӕмы Мӕскуыйы

"Сӕрмагондӕй бацӕттӕ кодтам равдыст ирон диаспорӕты минӕвӕртты ӕрцыдмӕ. Мадзалы фенӕн уыдзӕн 15 нывгӕнӕджы куыстытӕн, кӕцытӕ фылдӕр бӕрцӕй сты баст националон ӕмӕ этнографион тематикӕимӕ", — банысан кодта цӕдисы сӕрдар.

Уый ма радзырдта, цыппӕрӕмы ма кӕй бакодтой Анахарсисы номыл республикон библиотекӕйы Тугъанты Махарбеджы номыл нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны рауагъдонты дипломон куыстыты равдыст.

ПККЗ "Чермен"-ы нывгӕнджыты цӕдисы уӕнгты куыстыты равдыст организацигонд ӕрцыд Цӕдис ӕмӕ Культурӕйы министрады хъӕппӕрисӕй. Нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны рауагъдонты равдыст та аразы ахуыргӕнӕндоны къухдариуӕгад.

Ног хабӕртты лентӕ
0