ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны мысыдысты гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты. Республикӕйы уагъд цӕуынц фыдохы мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты 2008 азы гуырдзиаг агрессийыл аст азы сӕххӕстӕн.
Мадзӕлттӕ райдыдтой уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты цыртмӕ дидинты сӕвӕрдӕй, кӕцытӕ сӕхимӕ райстой агрессоры фыццаг цӕф. Ам иу уысм алӕууыдысты ӕдзӕмӕй. Цхинвалы хъахъхъӕнджыты кадӕн айзӕлдысты Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон гимнтӕ.
Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид йӕ сӕр ӕркъул кодта Ирыстоны хъахъхъӕнӕг Галуанты Олегы цырты раз, кӕцы ӕвӕрд ӕрцыд фидауынгӕнджыты раздӕры городокы территорийыл.
Мадзӕлттӕ адарддӕр сты "Басыгъдгонд удты музей"-ы Зары фӕндагыл. Акцийы хайадисджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ, 2008 азы ацы фӕндагыл судзгӕ Цхинвалӕй чи фӕлвӕрдта алидзын ӕмӕ кӕмӕн нӕ бантыст, уыцы сабыр цӕрджыты монументмӕ. Алайнаг епархийы динамонӕг ауагъта скуывд фӕмардуӕвджыты номарынӕн.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын.
Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр.
Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Гуырдзыстон абоны онг дӕр нӕ банымадта райхалгӕ хӕст ӕмӕ ирон радон геноциды фӕдыл йӕ бӕрн.