"Нӕ ферох кӕндзыстӕм, цалынмӕ удӕгас стӕм…"

Рафыссын
Республикӕйы уагъд цӕуынц фыдохы мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты 2008 азы гуырдзиаг агрессийыл аст азы сӕххӕстӕн.

 

Мадзӕлттӕ райдыдтой уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты цыртмӕ дидинты сӕвӕрдӕй, кӕцытӕ сӕхимӕ райстой агрессоры фыццаг цӕф. Ам иу уысм алӕууыдысты ӕдзӕмӕй.

 Республикӕйы къухдариуӕгад, цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ Хуссар Ирыстоны фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджыты ӕмӕ сабыр цӕрджыты монументтӕм, кӕцытӕ баисты агрессийы амӕттаг.

Фӕмардуӕвджыты рухс ном ссарынмӕ ӕрбацыдысты президент, хицауады уӕнгтӕ, парламенты депутаттӕ, республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ.

Мадзӕлттӕ адарддӕр сты "Басыгъдгонд удты музей"-ы Зары фӕндагыл. Акцийы хайадисджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ, 2008 азы ацы фӕндагыл судзгӕ Цхинвалӕй чи фӕлвӕрдта алидзын ӕмӕ кӕмӕн нӕ бантыст, уыцы сабыр цӕрджыты монументмӕ. Алайнаг епархийы динамонӕг ауагъта скуывд фӕмардуӕвджыты номарынӕн.Изӕрӕй, Хуссар Ирыстоны парламенты бӕстыхайы раз Гергиаг асиныл уагъд ӕрцыд фыдохы акци "Нӕ ферох кӕндзыстӕм, цалынмӕ удӕгас стӕм…" Ахӕм ном асинӕн лӕвӕрд ӕрцыд 2008 азы августы — уӕд ам уагъд ӕрцыд Гергиты Валерийы къухдариуӕгадӕй Мариинаг театры концерт-реквием.

Фӕмардуӕвджыты рухс ном ссардтой иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

Фыдохы мадзӕлттӕм нӕ республикӕмӕ ӕрцыдысты августы бонты фӕмардуӕвӕг уӕрӕсейаг солдатты мӕдтӕ. Сӕ номӕй митинджы раныхас кодта Цӕгат Иры Солдатты мӕдты комитеты сӕргълӕууӕг Гогаты Лора.

Ӕхсӕзаздзыд Георгий схызт асинмӕ ӕмӕ бахатыд ӕрӕмбырдуӕвджытӕм, цӕмӕй скувой "Хуыцаумӕ, цӕмӕй хӕст макуыуал уа".

Йӕ къухты уыд сириаг чызджы къам — уый бахатыд ӕрӕмбырдуӕвджытӕм, цӕмӕй йыл къухфысттӕ саразой ӕмӕ йын ӕй уый фӕстӕ арвита, "цӕмӕй уый макуы мацӕмӕй тӕрса".

 

© Sputnik / Алексей КовалевМадзӕлттӕ райдыдтой уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты цыртмӕ дидинты сӕвӕрдӕй, кӕцытӕ сӕхимӕ райстой агрессоры фыццаг цӕф.
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/12
Мадзӕлттӕ райдыдтой уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты цыртмӕ дидинты сӕвӕрдӕй, кӕцытӕ сӕхимӕ райстой агрессоры фыццаг цӕф.
© Sputnik / Алексей КовалевДидинтӕ сӕвӕрдтой Уӕрӕсейы Хъайтар Денис Ветчиновы цыртмӕ.
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/12
Дидинтӕ сӕвӕрдтой Уӕрӕсейы Хъайтар Денис Ветчиновы цыртмӕ.
© Sputnik / Алексей КовалевФӕмардуӕвджыты рухс ном ссарынмӕ ӕрбацыдысты президент, хицауады уӕнгтӕ, парламенты депутаттӕ, республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ.
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/12
Фӕмардуӕвджыты рухс ном ссарынмӕ ӕрбацыдысты президент, хицауады уӕнгтӕ, парламенты депутаттӕ, республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ.
© Sputnik / Алексей КовалевАлайнаг епархийы динамонӕг ауагъта скуывд.
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/12
Алайнаг епархийы динамонӕг ауагъта скуывд.
© Sputnik / Алексей КовалевФӕмардуӕвджыты къамтӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты Гергиаг асины къӕпхӕнтыл. Сӕ цӕсгӕмттӕ рухс кодтой цырӕгътӕй.
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/12
Фӕмардуӕвджыты къамтӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты Гергиаг асины къӕпхӕнтыл. Сӕ цӕсгӕмттӕ рухс кодтой цырӕгътӕй.
© Sputnik / Алексей КовалевФыдохы бӕлас "Басыгъдгонд удты музей"-ы Зары фӕндагыл.
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/12
Фыдохы бӕлас "Басыгъдгонд удты музей"-ы Зары фӕндагыл.
© Sputnik / Алексей Ковалев"Басыгъдгонд удты музей".
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/12
"Басыгъдгонд удты музей".
© Sputnik / Алексей КовалевФыдохы акци "Нӕ ферох кӕндзыстӕм, цалынмӕ удӕгас стӕм…" Гергиаг асиныл.
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/12
Фыдохы акци "Нӕ ферох кӕндзыстӕм, цалынмӕ удӕгас стӕм…" Гергиаг асиныл.
© Sputnik / Алексей КовалевӔхсӕзаздзыд Георгий скуывта "Хуыцаумӕ, цӕмӕй хӕст макуыуал уа".
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/12
Ӕхсӕзаздзыд Георгий скуывта "Хуыцаумӕ, цӕмӕй хӕст макуыуал уа".
© Sputnik / Алексей КовалевЙӕ къухты уыд сириаг чызджы къам — уый бахатыд ӕрӕмбырдуӕвджытӕм, цӕмӕй йыл къухфысттӕ саразой ӕмӕ йын ӕй уый фӕстӕ арвита, "цӕмӕй уый макуы мацӕмӕй тӕрса".
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/12
Йӕ къухты уыд сириаг чызджы къам — уый бахатыд ӕрӕмбырдуӕвджытӕм, цӕмӕй йыл къухфысттӕ саразой ӕмӕ йын ӕй уый фӕстӕ арвита, "цӕмӕй уый макуы мацӕмӕй тӕрса".
© Sputnik / Алексей КовалевХуссар Иры фӕмардуӕвӕг Уӕрӕсейы Хъайтар Раушан Абдуллины мад нӕ баурӕдта йӕ цӕссыгтӕ, траурон акцийы хайадисджыты раз ныхасгӕнгӕйӕ.
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/12
Хуссар Иры фӕмардуӕвӕг Уӕрӕсейы Хъайтар Раушан Абдуллины мад нӕ баурӕдта йӕ цӕссыгтӕ, траурон акцийы хайадисджыты раз ныхасгӕнгӕйӕ.
© Sputnik / Алексей КовалевМысӕн цырагъ.
Фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
12/12
Мысӕн цырагъ.
Ног хабӕртты лентӕ
0