Хуссар Ирыстоны фӕмардуӕвджыты рухс ном ссардтой Днестргӕроны

© Новости ПриднестровьяХуссар Ирыстоны фӕмардуӕвджыты рухс ном ссардтой Днестргӕроны
Хуссар Ирыстоны фӕмардуӕвджыты рухс ном ссардтой Днестргӕроны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты рухс ном арынӕн сӕвӕрдтой дидинтӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фӕмардуӕвджыты цыртытӕм, хӕстонтӕ-афгайнӕгты цыртмӕ, Хъынцъымгӕнӕг мады монументмӕ.

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Тирасполы (Днестргӕрон Молдаваг республикӕ) Кады аллейы уагъд ӕрцыд фыдохы мадзал 2008 азы августы гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы фӕмардуӕвджыты рухс ном арынӕн, хъусын кӕны "Новости Приднестровья".

Днестргӕроны уӕвӕг Хуссар Ирыстоны официалон минӕварады сӕргълӕууӕг Сергей Сураго сӕвӕрдта дидинтӕ Ӕнусон артмӕ.

"Кӕд ӕмӕ ацы конфликты фӕмардуӕвджытӕй Ӕнусон арты цур ныгӕд ничи ис, уӕддӕр ам ис ныгӕд ӕндӕр хӕстыты фӕмардуӕвӕг хӕстонтӕ. Уый у сыгъдӕг бынат горӕты дӕр ӕмӕ республикӕйы дӕр — ис дзы ныгӕд алыгъуызон хӕстыты, ӕнусты ӕмӕ адӕмыхаттыты минӕвӕрттӕ", — загъта уый.

Фыдохы мадзалы хайадисджытӕ ма дидинтӕ сӕвӕрдтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фӕмардуӕвджыты цыртытӕм, хӕстонтӕ-афгайнӕгты цыртмӕ, Хъынцъымгӕнӕг мады монументмӕ, кӕцы ӕвӕрд у 1990-1992 азы Днестргӕроны фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджыты номарынӕн.

© Новости ПриднестровьяХуссар Ирыстоны фӕмардуӕвджыты рухс ном ссардтой Днестргӕроны
Мероприятия в Тирасполе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны фӕмардуӕвджыты рухс ном ссардтой Днестргӕроны

Днестргӕрон Молдаваг республикӕйы сӕргълӕууӕг Евгений Шевчук хуыцаубоны ӕрӕрвыста тӕфӕрфӕсы тел гуырдзиаг агрессийыл аст азы сӕххӕсты фӕдыл. Уым дзырдӕуы, "2008 азы августы цаутӕ ӕнустӕм кӕй ныууагътой арф фӕд Хуссар Ирыстоны ӕмӕ ирон адӕмы историйы".

"Абон мах хъынцъым кӕнӕм Хуссар Ирыстоны адӕмимӕ ӕмӕ мысӕм, райгуырӕн бӕстӕйы сӕрвӕлтау сӕ удтӕ чи радта, уыдон рухс нӕмттӕ. Хуссар Ирыстон зынаргъӕй балхӕдта йӕ сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинад. Ӕнустӕм макуы уӕт рох фӕмардуӕвджыты нӕмттӕ, кӕцытӕ хъӕбатырӕй тох кодтой ирон адӕмы рухс фидӕны тыххӕй", — загъта Шевчук.

Уый ма бафтыдта, Днестргӕроны цӕрджытӕ дӕр кӕй бавзӕрстой 1992 азы тугкалд хӕст ӕмӕ зонынц сабыр царды аргъ.

Ног хабӕртты лентӕ
0