ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Уӕрӕсе 12 хорзӕхимӕ цӕуы фӕндзӕм бынатыл майданон бахыгъды XXXI Олимпиаг хъӕзтыты Рио-де-Жанейройы, хъусын кӕны агентад "Р-Спорт".
Олимпиадӕйы цыппӕрӕм бон уӕрӕсейӕгтӕ рамбылдтой иу сыгъзӕрин ӕмӕ иу ӕвзист майданы.
Ӕдӕппӕт хъазыдысты 18 комплект майдантыл: бӕлӕгътӕ тӕрынӕй, донмӕ гӕппытӕ, бӕхты спорт, фехтовани, спортивон гимнастикӕ, дзюдо, ӕхст, ленк кӕнын ӕмӕ уӕззау атлетикӕйӕ.

Иумӕйаг бахыгъды лидертӕ сты америкӕйагтӕ 26 майданимӕ.
Дзюдоист Хасан Халмурзаев (81 кг онг уӕзы категори) сфӕлхатт кодта йӕ командӕйы уӕнг Беслан Мудрановы (60 кг онг) ӕрӕджыйы ӕнтыст ӕмӕ райста сыгъзӕрин майдан.
Уӕрӕсейы сылгоймӕгты ӕмбырдгонд спортивон гимнастикӕйӕ та, куыд нӕлгоймӕгты командӕ, афтӕ рамбылдта ӕвзист майдантӕ командон фыццагады.