Черчесты Станислав: националон ӕмбырдгондмӕ хъӕуы исын ӕрыгон футболистты

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæЧерчесты Станислав
Черчесты Станислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Футболӕй уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды ног сӕйраг тренер радзырдта йӕ нывӕзтты тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Уӕрӕсейы футболон ӕмбырдгонды ног снысангонд сӕйраг тренеры бындурон хӕс у 2018 азы футболӕй дунейы чемпионатмӕ саразын тыхджын командӕ, загъта цыппӕрӕмы Черчесты Станислав, хъусын кӕны агентад "Р-Спорт".

Черчесты Станислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Черчесты Станиславы снысан кодтой Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сӕйраг тренерӕй

Цӕгат Ирыстонӕй ацӕугӕ Черчесты Станислав цыппӕрӕмы официалон ӕгъдауӕй нысан ӕрцыд Уӕрӕсейы националон ӕмбырдгонды сӕйраг тренерӕй. Контракты ӕмгъуыд у 2018 азы дунеон чемпионаты кӕронмӕ, цы ран тренеры штабы сӕйраг нысан уыдзӕн ӕмбӕлон хъазт равдисын.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис турнир ӕмӕ алкӕцы турниры дӕр алчидӕр тырны рамбулынмӕ. Абон мах куы зӕгъӕм, зӕгъгӕ нӕ фӕнды дунейы чемпионат рамбулын, уӕд уыдон уыдзысты рогсӕр ныхӕстӕ. Абон уал махӕн нӕ нысан у — 2018 азмӕ тыхджын командӕ саразын", — фехъусын кодта Черчесты Станислав пресс-конференцийы рӕстӕджы.

Ног тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый хъуамӕ ранӕуӕг кӕна ӕмбырдгонды тренерон штаб ӕмӕ йӕ куыстмӕ ӕрбангом кӕна, рагӕй фӕстӕмӕ хорз кӕй зоны клубты куыстӕй, ахӕмты.

"Ис мын мӕхи тренерон штаб, кӕцы мын алыхатт дӕр ӕххуыс кодта. Мах кӕрӕдзи ӕххӕст кӕнӕм Уыдон сты (Гинтарас) Стауче, (Мирослав) Ромащенко и (Владимир) Паников", — загъта Черчесты Станислав.

Уый бахахх кодта, националон командӕйы кӕй нӕ уыдзӕн "дыууæрдыгæй дымгæтӕ", хъуамӕ дзы уа бындурон сконд.

"Алы командӕйы дӕр хъуамӕ уа бындурон сконд. "Дыууæрдыгæй дымгæтӕ" ӕмбырдгонды нал уыдзӕн", — загъта зындгонд тренер.

Черчесты Станиславы нымадмӕ гӕсгӕ, националон ӕмбырдгондмӕ алыхатт дӕр хъӕуы исын ӕрыгон футболистты.

Ног хабӕртты лентӕ
0