ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад рахицӕн кӕндзӕн 30 млн сомӕй фылдӕр республикӕйы арӕзтцӕуӕг фыдызгъӕлы заводмӕ инженерон хызӕгтӕ ӕмӕ автомобилон фӕндӕгтӕ айгӕрдынӕн, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Фарон октябры компани "Растдон"-ы (уӕрӕсейаг холдинг къухдариуӕгад "Евродон"-ы филиал) къухдариуӕгад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауады ӕхсӕн бафыстӕуыд бадзырд республикӕйы фыдызгъӕлы продукци аразыны комплекс саразыны тыххӕй.
Документмӕ гӕсгӕ, РХИ-ы хицауад хъуамӕ айгӕрда инженерон инфраструктурӕ объектмӕ, сӕрмагондӕй — электроифтонгад, газӕй ӕмӕ донӕй ифтонгад, автомобилон фӕндӕгтӕ, афтӕ ма бастдзинад ӕмӕ интернет.
"Ӕмбырды рӕстӕджы хицауады уӕнгтӕ ӕркастысты инвестицион проект "Цхинвалы районы ӕрдӕгфабрикатты, колбасты ӕмӕ деликатестӕ аразыны кондадон комплекс саразын"-ӕн паддзахадон ӕххуысы бакӕныны фарстмӕ, кӕцы райста Инвестицион агентады разыдзинад", — фехъусын кодтой пресс-службӕйы.
Экономикӕйы министр Зӕгърйты Вильям бахаста ӕнхъарӕн бюджетӕй 33,6 милуан сомы рахицӕн кӕнын инфраструктурӕйы объектты арӕзтадӕн, кӕцытӕ ифтонг кӕнынц проекты арӕзтад.
Уый банысан кодта, фӕрӕзтӕ нысан кӕй сты инвестпрограммӕйы, куыд экономикӕйы реалон секторӕн паддзахадон финансон ӕххуыс кӕнынӕн.
Арӕзтады райдианы тыххӕй холдингы сӕргълӕууӕг Уанеты Вадим фехъусын кодта ацы июны. Проекты реализаци слæудзæн 156 милуан сомы. 30 милуан сомы рахицӕн кӕндзӕн Уанеты Вадим йӕхӕдӕг. Кондад куысты бынӕттӕй сифтонг кӕндзӕн 20 адӕймаджы.
"Евродон" у егъау маргъдарæн агрокомплекс, кæцы азы мидæг уадзы 47 тоннæйы гогызы фыд æмæ 24 тоннæйы бабызы фыд.