Социалон хызӕгты мысынц Къудухты Бесикы

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæКъудухты Бесик
Къудухты Бесик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд спортсмены йӕ гуырӕн боны мысынц йӕ хиуӕттӕ, хӕстӕджытӕ, коллегӕтӕ ӕмӕ табугӕнджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй дунейы цыппар хатты чемпион, ирон спортсмен Къудухты Бесикыл къуырисӕры сӕххӕст уыдаид 30 азы. Социалон хызӕгты мысынц ацы стыр богалы.

Къудухты Бесик фӕмард автокатастрофӕйы 2013 азы декабры.

"Абон не ′фсымӕрыл, номдзыд хӕцӕг Къудухты Бесикыл сӕххӕст уыдаид 30 азы… Ӕнӕ уӕлдай ныхӕстӕй, мысӕм, кад кӕнӕм! Рухс дзæнæты бад, æфсымӕр!", — ныффыста йӕ Facebook олимпиаг чемпион, богал Таймӕзты Артур.

Олимпиаг чемпион ӕмӕ дунейы дыууӕ хатты чемпион Бӕройты Хасан сывӕрдта йӕ Instagramm къам, цы ран вӕры дидинджытӕ Бесикы ингӕнмӕ.

"Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы номдзыд хъӕбул", — ныффыста Бӕройты Хасан йӕ Instagramm.

© InstagramОлимпиаг чемпион ӕмӕ дунейы дыууӕ хатты чемпион Бӕройты Хасан
Хасан Бароев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Олимпиаг чемпион ӕмӕ дунейы дыууӕ хатты чемпион Бӕройты Хасан

Къудухты Бесикы ма мысынц ӕрмӕст йӕ хиуӕттӕ, ӕмбӕлттӕ ӕмӕ коллегӕтӕ гауызыл нӕ, фӕлӕ ма социалон хызӕгты пайдагӕнджытӕ.

"Къудухты Бесикыл сӕххӕст уыдаид 30 азы. Мах чемпион! Ӕнустӕм уыдзӕн нӕ зӕрдӕты. Егъау спортсмен ӕмӕ адӕймаг!", — ныффыста Facebook пайдагӕнӕг Андрей Попов.

"Хуссарӕй Цӕгат Ирыстонмӕ… Мысӕм… Риойӕ уый ӕрхастаид ноджы иу сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ 27 азы мидӕг уый иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ′сбӕлвырд кодта… Бузныг дын Бесик уыцы чемпионаг ӕзты тыххӕй, цы майдантӕ рамбылдтай Уӕрӕсе ӕмӕ Ирыстоны кадӕн…Къудухты Бесик… Рухсаг у ", — фыссы пайдагӕнӕг Сиукъаты Вовӕ.

Къудухты Бесик райгуырд 1986 азы Ленингоры районы Цхилоны хъæуы. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ирон богал у дунейы цыппар хатты чемпион (2007, 2009, 2010, 2011 ӕзты), у 2007 азы Европæйы чемпион, 2008 азы Пекины Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер æмæ 2012 азы Лондоны Олимпиаг хъæзтыты æвзист призер.

Бесикы ном ма хӕссы Хуссар Ирыстоны Ленингоры поселочы уынгтӕй сӕ иу дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0