Эльхоты цӕрӕг кардӕй ныццавта йӕ фынӕй ӕмхъӕуккаджы

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæЭльхоты цӕрӕг кардимӕ балӕбурдта йӕ фынӕй ӕмхъӕуккагмӕ
Эльхоты цӕрӕг кардимӕ балӕбурдта йӕ фынӕй ӕмхъӕуккагмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азымгонд райсом раджы рацӕйцыд хӕдзармӕ фыднозтджынӕй, ӕрдӕгфӕндагыл бабырыд йе ′мхъӕуккаджы хӕдзармӕ ӕмӕ цалдӕр хатт ныццавта кардӕй фынӕй нӕлгоймаджы.

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Цӕгат Иры Эльхоты хъӕуы цӕрӕг цалдӕр цӕф ныккодта кардӕй йӕ фынӕй ′мхъӕуккаджы, фыдгӕнӕджы ӕрцахстой, фыдракӕнды амӕттаг та ис реанимацийы, хъусын кӕны республикон МХМ-ы пресс-службӕ.

Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, 28-аздзыд азымгонд рацӕйцыд хӕдзармӕ фыднозтджынӕй, ӕрдӕгфӕндагыл сфӕнд кодта йе ′нӕзонгӕ ӕмхъӕуккаджы хӕдзармӕ бабырын.

"Йӕ архӕйдтытӕн хыгъд нӕ дӕтгӕйӕ, уый цӕхӕрадоны уылты бацыд амӕттаджы хӕдзармӕ, ӕмӕ йӕ фынӕйгӕнгӕйӕ куы федта, уӕд ӕй цалдӕр цӕф ныккодта кардӕй. Хӕдзары хицау фехъал ӕмӕ йын аффекты мидӕг бантыст сыхӕгты онг балидзын ӕмӕ ӕххуысмӕ фӕдзурын", — радзырдтой МХМ-ы.

Азымгондӕн йӕ бон нӕ бацис бамбарын кӕнын йӕ архайды мотивтӕ, загъта ӕрмӕст, кӕй уыд нозтджын, фӕндагыл ма ноджы кӕй банызта энергетикон нозт, уый фӕстӕ цы арӕзта, уый нал хъуыды кӕны.

Йӕ аххосыл басаст ӕмӕ фӕсмон кӕны йӕ фыдракӕндыл.

Фыдракӕнд саразыны тыххӕй лӕппумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ахӕсты баконд 10 азы ӕмгъуыдмӕ.

Зиан баййафӕг ныртӕккӕ ис рынчындоны реанимацион хайады, дохтыртӕ йын йӕ уавӕрӕн аргъ кӕнынц, куыд стабилон, йӕ цардӕн тас ницӕмӕй у.

Ног хабӕртты лентӕ
0