00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
60 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
О главном на Спутнике
ЦАХАЛ начала наступление на Газу
12:04
14 Мин
О главном на Спутнике
1 августа 1991 года потерпел поражение августовский путч
12:19
7 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
О главном на Спутнике
Историк о рассекреченных документах бомбардировки Сталинграда в 1942
12:34
10 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Главные темы
08:00
60 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Утро на Спутнике
09:11
13 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
Главные темы
17:00
4 Мин
17:04
26 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Националон банк рауадздзӕн згъӕрӕхцатӕ Советон Цӕдисы Хъайтарты хуызисттимӕ

© Sputnik / Дина ГассиеваСтыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн цырт
Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Згъӕрӕхцатыл уыдзысты ирон хъайтартӕ Плиты Иссӕ, Хетӕгкаты Георгий ӕмӕ Мамсыраты Хадзы-Умары хуызисттӕ.

ЦХИНВАЛ, 16 авг — ¬Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны Националон банк фӕнд кӕны рауадзын сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист згъӕрӕхца ӕртӕ ироны — Советон Цӕдисы Хъайтарты хуызисттимӕ, фехъусын кодта журналисттӕн Националон банчы сӕргълӕууӕг Зассеты Феликс.

Згъӕрӕхцатыл уыдзысты ирон хъайтартӕ — Плиты Иссӕ, Хетӕгкаты Георгий ӕмӕ Мамсыраты Хадзы-Умары хуызисттӕ.

"Уыдон сты нӕ адӕмы егъаудӕр минӕвӕрттӕ, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодтам сӕ хуызисттимӕ згъӕрӕхцатӕ рауадзын", — загъта Зассеты Феликс.

Хуссар Ирыстоны Националон банк згъӕрӕхцатӕ фыццаг хатт рауагъта 2013 азы, Уӕрӕсе Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны хъуыддагыл фондз азы кӕй сӕххӕст, уый цытӕн.

Сыгъдæг Георгийы хуызистимæ згъæрæхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæзындысты зæрдылдарæн згъæрæхцатæ аргъуанты хуызистытимæ

Згъӕрӕхцатӕ ма уагъд ӕрцыдысты Хӕтӕгкаты Къостайы, Абайты Уасойы юбилейтӕм, республикӕйыл 25 азы сӕххӕсты бонмӕ. Ацы аз банк рауагъта зӕрдылдарӕн згъӕрӕхцатӕ республикӕйы аргъуантӕй цалдӕры хуызисттимӕ.

Мамсыраты Хадзы-Умар (1903-1968) иста хайад Испаны Ӕмбӕстагон хӕсты, афтӕ ма советон-финнаг хӕсты ӕмӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты. Лӕвӕрд ын ӕрцыд Советон Цӕдисы Хъайтары ном.

Плиты Иссӕ — ӕфсады инӕлар, Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъайтар, Монголы адӕмон республикӕйы хъайтар. Стыр фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы номджын инӕлары ном 16 хатты кой цыд ССР Цӕдисы Уӕлдӕр командӕгӕнӕг Иосиф Сталины бардзырдты.

Сӕ нӕмттӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Цхинвалы уынгтӕн.

Хетӕгкаты Георгий — советон ӕфсӕдты хистӕр, ӕфсады инӕлар, Советон Цӕдисы Хъайтар. Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй иу хӕссы йӕ ном, ӕвӕрд дзы ис мемориалон фӕйнӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0