Дменисаг харбызты фӕлварӕн тыллӕг

© Sputnik / Алексей КовалевДменисаг харбыз
Дменисаг харбыз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дменисаг фермер фыццаг хатт бафӕлвӕрдта харбызтӕ ӕрзайын кӕнын. Фӕлварӕн азы уый райста фондз тонн тыллӕг - экологон ӕгъдауӕй сыгъдӕг гагадыргътӕ. Фидӕнмӕ та йӕ фӕнды 2 га зӕххӕй 150 тоннӕйы харбызтӕ райсын.

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Хъотайты Мария. Дменисы хъӕуы цӕрӕг Дзанайты Александр йӕ 2 га зӕххы фадыгыл схъомыл кодта фондз тоннӕйы харбызтӕ. Хуссар Ирыстоны харбызтӕ хъомыл кӕнын ныфсхасты нысан у — бынӕттон фермертӕ тӕрсынц хъомыл кӕнын, бынаты климатон уавӕртӕн характерон цы дыргътӕ ӕмӕ гагадыргътӕ не ′сты, уыдон.

Александр фӕнд кодта райсын 150 тоннӕйы онг харбызтӕ. Фӕлӕ фыццаг тыллӕджы фылдӕр хайӕн июны разиан кодтой их ӕмӕ тӕрккъӕвдатӕ. Ӕртӕ тоннмӕ ӕввахс та дзы фесӕфтой бынӕттон сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ ӕхсӕвыгӕтты сусӕгӕй радгай лыг кодтой харбызтӕ рӕгъӕд ссарыны нысанӕн.

"Бахъуыд мӕ дыккаг хатт харбызтӕ садзын — тыллӕг райстон фондз тоннмӕ ӕввахс. Фылдӕр уыдаид, фӕлӕ хъӕуы сывӕллӕттӕ иудадзыг сгӕрстой, харбызтӕ рӕгъӕд сты ӕви нӕ ӕмӕ та дзы дзӕвгар фесӕфтон цъӕхӕй. Ӕндӕр гӕнӕн мын нал уыд, ӕмӕ иу ам, быдыры бахсӕвиуат кодтон", — худы Александр.

© Sputnik / Алексей КовалевДменисаг харбызтӕ
Дменис арбузы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дменисаг харбызтӕ

Фермеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, "атаман" сорты тауинӕгтӕ уый ӕрласта Астраханӕй. Фондз мин тауинаджы ныссагъта пластикон агуывзӕты, схаста сӕ хъӕрмуаты. Уый фӕстӕ сӕ ныссагъта ӕрӕмбондгонд зӕххы 2 га фадыгыл.

Бахча ӕмбӕрст у полиэтиленӕй. Фермеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый иуварс кӕны хӕмпӕлгӕрдӕджы рӕзт. Целлофаны хуынчъытӕй ссӕуы харбызтӕ.

"Харбызтӕ домынц ӕртахон донхӕр. Доны шлангыл балыг кодтон цалдӕр краны, афтӕмӕй харбызтӕ исынц ӕмбӕлон нормӕ дон. Уый тыххӕй ам ӕввахс сӕвӕрдтон дыууӕ стыр, 50 тоннӕйы дон кӕм цӕуы, ахӕм цистернӕтӕ. Уымӕ гӕсгӕ мын донимӕ проблемӕ нӕй. Стыр ахъаз мын уаид донхӕрӕгӕн сӕрмагонд фильтр. Фӕнды мӕ бахатын экономикӕйы министрадмӕ, цӕмӕй мын баххуыс кӕной ацы хъуыддаджы ", — дзуры Александр.

© Sputnik / Алексей Ковалев"Атаман" срӕгъӕд вӕййы 95 бонмӕ
Дменис арбузы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Атаман" срӕгъӕд вӕййы 95 бонмӕ

"Атаман" срӕгъӕд вӕййы 95 бонмӕ. Нитраттӕй сӕрибар, экологион ӕгъдауӕй сыгъдӕг харбызтӕ фермер уӕй кӕнынмӕ ӕрласта Цхинвалмӕ.

"Санитарон-эпидемиологон цӕстдарды кусджытӕ басгӕрстой мӕ харбызтӕ сӕрмагонд барӕн ифтонггарзӕй нитратты уӕвынад базонынӕн. Сгӕрст равдыста нитратты бӕрц нормӕйӕ хызт кӕй нӕу. Фӕлхасгӕнджытӕ цымыдис кӕнынц, цы регионӕй сты харбызтӕ, дзуапп сын раттын харбыз бынӕттон кӕй у. Нӕ сӕ бауырны ӕмӕ аздӕхынц", — дзуры уый.

Йӕ продукци уӕй кӕныны хъуыддаджы йын проблемӕтӕ аразынц барадхъахъхъӕнӕн органты кусджытӕ дӕр.

"Куыд иннӕ базаргӕнджытӕ, афтӕ сӕвӕрдтон мӕ машинӕ уынджы, цӕмӕй мадӕр цӕуджыты хъыгдарон, мадӕр машинӕты. Хӕстӕг мӕм ӕрбацыд милици ӕмӕ загъта, бар кӕй нӕй уынгы уӕй кӕнын. Мӕ бынат аивтон, фӕлӕ та мӕ уым дӕр бафӕдзӕхста милици. Уый фӕстӕ арвыстон машинӕ харбызтимӕ Дзаумӕ. Чизоны уымы милици хӕларзӕрдӕдӕр разына ", — худы фермер.

Ныртӕккӕ ма Александры фадыгыл ис ӕрмӕст чысыл, цъӕх харбызтӕ, кӕцытӕ, фермеры нымадмӕ гӕсгӕ, срӕгъӕд уыдзысты сентябры ӕмбисмӕ. Адӕй бынӕттон харбызтӕ сты адджын ӕмӕ хӕрзад, раст цыма астрахайнаг сты.

© Sputnik / Алексей КовалевБынӕттон харбызтӕ сты адджын ӕмӕ хӕрзад
Дменис арбузы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бынӕттон харбызтӕ сты адджын ӕмӕ хӕрзад

Александ куыд зӕгъы, афтӕмӕй ацы аз уыд фӕлварӕн. Ӕфтиаг кӕд нӕ райста, уӕддӕр райста фӕлтӕрддзинад. Уый та йын фидӕны фӕахъаз уыдзӕн рӕдыдтыты иувӕрсты хизынӕн.

Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ дменисаг фермер раиртӕста, хуссарирыстойнаг хур фаг кӕй у хъармуарзӕг гагадыргъӕн, уымӕ гӕсгӕ иннӕ аз уый ӕрмӕст харбызтӕ нӕ хъомыл кӕндзӕн, фӕлӕ ма неситӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0