ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдæтты ног ахуыры азы ӕрбалӕудмӕ цæуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, фехъусын кодта Sputnik ахуырады министры хӕдивӕг Лолаты Аслан.
Уæлдæр ахуыргæнæн уагдæтты, скъолаты, скъолайы агъоммæ уагдæтты аразынц хъармгæнæн системæтӕ, цалцæг цæуынц агъуыстытæ æмæ хатæнтæ, фидар кæнынц коммуникацитæ.
"Цхинвалы бирæпрофилон колледжы хъæутæй цы фæсивæд ахуыр кæны, уыдонæн горæты æрлæууæндон нæ уыд. Ныр ахуырадон уагдоны æмдзæрæндоны цæттæ цæуыц хатæнтæ. Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ ма цæуынц æвзонг техникты станцы, сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны, Цхинвалы скъола-интернаты. Ӕппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой 20 августмæ", — радзырдта Лолаты Аслан.
Афтӕ ма, министры хӕдивӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕгӕнӕн куыстытæ уагъд цæуынц республикӕйы районты ахуыргæнæн уагдæтты дӕр.
"Куыстытӕ цæуынц Дзауы, Мугуты, Арцеуы, Бихъары æмæ Цъинагары скъолаты. Кæцыдæрты цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ, кæцыдæрты та аразынц хъармгæнæн системæтӕ", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.
Уымӕй дарддӕр ма цалцӕг кӕнынц скъолайы агъоммæ ахуырадон уагдæттӕ дæр — уый нысанæн горæты администрацийæн хицæн æрцыд 6 милуан сомы.
Хуссар Иры æмткæй ис 53 скъолайы æмæ 23 сабидоны.