ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Гӕззаты Валерийӕн фӕзындзӕн проблемӕтӕ Уӕрӕсейы футболон цӕдисы (УФЦ) сӕргълӕууӕджы бынатмӕ кандидатӕй регистрациимӕ, уый тыххӕй тренеры развӕлгъау бафӕдзӕхста УФЦ-ы ныры сӕргълӕууӕг Виталий Мутко, фыссы Р-Спорт.
УФЦ президенты ӕвзӕрстытӕ уагъд цӕудзысты 24 сентябры цӕдисы конференцийыл. Ивгъуыд къуыри Мутко агентад "Р-Спорт"-ӕн фехъусын кодта, кӕй аскъуыддзаг кодта йӕхи кандидатурӕ раразмӕ кӕнын. Раздӕр Фыдыбӕстӕйон тренерты баиугӕнд раразмӕ кодта Гӕззаты Валерийы кандидатурӕ цӕдисы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ.
"Знон мӕм дзырдта Мутко ӕмӕ мӕ бафӕдзӕхста, кӕй мын фӕзынд цавӕрдӕр проблемӕтӕ регистрациимӕ. Фыды фӕдзӕхст мӕ бакодта. 12 августы мах нӕ юристимӕ райстам хъусынгæнæн, нӕ хъуыддӕгтӕ хорз кӕй сты. Ныфс мӕ ис, уый цавӕрдӕр рӕдыд кӕй у. Тынг кад кӕнын Муткойӕн, фӕлӕ кӕд ахӕм фарстытӕ ӕвзӕры…12-ӕм августы ницы проблемӕ уыд, ӕмӕ ныр кӕцӕйдӕр фӕзындысты. Хъӕуы мӕ реформӕтӕ, кӕцытӕ бирӕтӕ нымайынц хорзыл. Хъуамӕ уа программӕ ӕмӕ системӕ, цӕмӕй нӕ фӕлтӕртӕн исты ныууадзӕм, ныр уый нӕй ӕм уый у стыр проблемӕ", — загъта Гӕззаты Валерий, 2018 азы дунейы чемпионаты агъоммӕ уӕрӕсейаг футболы уавӕрӕн аргълӕвӕрд аразгӕйӕ.
"Фӕстиуджытӕй уыйбӕрц фыдӕнхъӕл нӕ фестӕм, цас системӕ ӕмӕ программӕйӕ, кӕцытӕ махмӕ не ′сты. Ӕмӕ кӕд уый нӕй, уӕд нын фидӕн дӕр нӕй. Нӕ футбол ис арф кризисы, уый бӕрӕг у. Ӕхсӕз азы мидӕг мах ницы сарӕзтам, цӕмӕй уӕрӕсейаг футболы гъӕд фӕхуыздӕр кӕнӕм. Ӕз банхъардтон реформӕ, ӕмӕ йӕ хъӕуы райдайын реализаци кӕнын, цӕмӕй исты хуызы нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм 2018 азмӕ ", — бафтыдта Гӕззаты Валерий.
Журналисттимӕ ныхас кӕнгӕйӕ, Гӕззаты Валерий равдыста ныфс, УФЦ-ы сӕргълӕууӕджы ӕвзӕрстытӕ кӕй ацӕудзысты рӕстаг тохы.
"Ныфс мӕ ис, кӕй ницы сусӕг хахуыртӕ фӕзындзӕн ӕмӕ ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты сыгъдӕгӕй. Абон уал мӕ уый мӕты бафтыдта. Фӕлӕ уыд дзырд дӕттын, кӕронмӕ кӕй ацӕудзӕн уӕлахизы фӕндагыл",- загъта номдзыд тренер.