ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Дзæуджыхъæуы Сабырады проспектæй номдзыд ирон поэт Хетæгкаты Къостайы цырт рахæсдзысты йæ хæдзар-музеймæ, хъусын кæны сайт "Осетия Times".
Сабырады проспектыл Хетæгкаты Къостайы цырт йæ сæвæрдæй фæстæмæ ссис хъаугъайаг. Иутæ нымадтой, æмбæлон бынат ын æвзæрст кæй не ʻрцыд, аннæтæ фаудтой скульпторы куыст. Уыд ахæмтæ дӕр, кæцытæ хуыдтой ацы цырт номдзыд поэты худинаггæнæгыл. Йе ‘нæразыдзинад равдыста Хетæгкаты мыггаг дæр — социалон хызӕгты фенæн ис Къостайы цыртимæ æнæмбæлон уагыл ист къамтӕ дæр.
"Цырт ацы бынатæй Къостайы музей-хæдзармæ рахæссыны тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы мэр Ӕлбегаты Борис горæты уынгты йæ фистӕг тезгъойы рæстæджы. Уый банысан кодта, ахæм уынаффæ кæй рахастæуыд æхсæнад æмæ Хетæгкаты мыггаджы бирæнымæц куырдиæтты фæстæ", — дзырдæуы хъусинаджы.
Фидарæй нырма бæрæг нæу, цырт цы æмгъуыдмæ рахæсдзысты — уый йæ бынат раивдзæн Дзæуджыхъæуы горæты боны (25 сентябры), науæд та поэтæн йæ райгуырæн бонмæ (15 октябры).
Номдзыд ирон фыссæг, поэт, нывгæнæг æмæ ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цырт Сабырады проспектыл æвæрд æрцыд 2010 азы. Скульптурæ бацæттæ кодта Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Соскъиты Владимир.