Мадæлон æвзаджы студи "Фæндиаг" ногӕй исы ахуырдзауты

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКӕсӕн зал
Кӕсӕн зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Студи "Фæндиаг" Цæгат Ирыстоны байгом фарон. Фыццаг азмæ дзы сахуыр кодта 30 сывæллоны онг, фæлæ студийы хъомыс у фылдæр - сæ бон у райсын 300 сабийы.

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сабиты ирон æвзагыл дзурын ахуыр кæныны студи "Фæндиаг" æмбырд кæны ахуырдзауты ног фæлтæр, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Студи "Фæндиаг" Цæгат Ирыстоны байгом фарон. Фыццаг азмæ дзы сахуыр кодта 30 сывæллоны онг, фæлæ студийы хъомыс у фылдæр — сæ бон у райсын 300 сабийы.

"Студийы ис дыууæ хуызы архайд. Сывæллæтты скъоламæ цæттæ кæнынц æмæ сæ дзургæ ирон æвзагыл ахуыр кæнынц. Кусынц Берлицы методикæмæ гæсгæ. Сабитимæ студийы къæсæры сæрты бахизгæйæ фæдзурынц æрмæстдæр ирон æвзагыл. Ахуырадон процесс арæзт у хъазты хуызы. Афтæмæй сывæллæттæ æрмæг хуыздæр æмбарынц", — дзырдæуы хъусинаджы.

Сывæллæттæ студийы фæахуыр кæнынц къуыри 3 хатты æртыгай сахаттæ. Цæмæй куыст нывыл арæзт уа, уый тыххæй хъæуы фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ ныййарджытæ иу сахатæн фидынц 220 сомы. Сабиты ныффыссыны фадат уыдзæн сентябры онг.

Ацы аз студийы ахуыр кæныны фадат уыдзæн райдиан скъолайы ахуырдзаутæн дæр. Ам семæ кусдзысты къуыри фондз хатты, бон иу сахаты дæргъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0