ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалӕй скӕсӕны ‘рдӕм фӕцӕйцӕугӕйӕ алы бӕлццоны цӕст дӕр схӕцы, чысыл Леуахийы рахизварс Дменисы къуылдымӕй сӕрыстырӕй цы фыдӕлты фидар кӕсы, ууыл.
Республикӕйы стӕм адӕймаг разындзӕн, ацы фидары рӕсугъддзинад кӕй нӕ басаста, фӕлӕ йын йӕ истори чи зоны, ахӕмтӕ та сты ноджы стӕмдӕр. Sputnik уацхӕссӕг ахуыргӕндтимӕ ӕмӕ Дменисы хъӕуы цӕрджытимӕ бафӕлвӕрдта ацы фидары истори сахуыр кӕнын.
Ацы историон арӕзтады цӕрджытӕ иууылдӕр зонынц Дменисы фидарӕй, фӕлӕ рагон суагъӕты та нысан у, куыд Уанаты фидар. Ахуыргæндтӕ бӕлвырдӕй не 'сбӕрӕг кодтой фидары кар, фӕлӕ, сӕ хъуыдымæ гæсгæ, арæзт æрцыд XVI-XVII æнусты.
Фидар конд у дойнаг дур, змис æмæ сырх агуыридурæй, йæ систы бæрзӕнд у иу метр, йæ мидæг ис дыууæ мæсыг — цыппаркъуымон æмæ гуылдзыг.
"Ацы фидары тыххæй мæ фæрсынц иууыл арæхдæр, фæлæ дзы бирæ информаци не ʻссардтон. Фидарæн йæ кар бæрæг цæуы цалдæр хуызы, уыдонæй сæ иу у сисдзæфты асæй. Фат æмæ æрдыны рæстæджы фидар нæу — зынгæхсгæ хæцæнгарз фæзынды агъоммæ цы фидæрттæ арæзт æрцыдысты, уыдон иууылдӕр ныппырх сты XIV-XVI æнусты. Кавказы та зынгæхсгæ хæцæнгарз фæзынд XVI æнусы. Уайтагъд фидæрттæ аразынмæ кӕцӕй фæуыдаиккой, уымӕ гæсгæ, зæгъæн ис æмæ ацы фидар у XVI æнусы кæрон, науæд та XVII ӕнусы райдайæны арæзт", — радзырдта Sputnik Зонад-Иртасæн институты истори æмæ этнологийы зонадон кусæг Мæргъиты Ирбег.
Арæзтады мидæг ма ис сусæг фæндаг, лæгæт. Уымæй дарддæр ма дзы ис ахæм къуым, кæцыйæн йæ нысан нырма фидарæй иртæст нæу — гæнæн ис æмæ дзы дардтой уацайрӕгты, науæд та уыд хойрагдон.
Ирбеджы нымадмӕ гӕсгӕ, уый мыггаджы гæнах нæу, фӕлӕ феодалон. Кӕй фидар уыд, уый фӕдыл та ахуыргӕндты ӕмӕ бынӕттон цӕрджыты хъуыдытӕ цӕхгӕр фӕхицӕн сты — сӕ иутӕ йӕ нымайынц Ерыстау æлдæртты фыдæлтæ Сидамонты фидарыл, аннӕтӕ та Дменисы цæрæг Батиаты мыггаджы гæнахыл.
"Дменисы цæрджыты ‘хсæн хъуыстгонд у ахæм таурæгъ, зӕгъгӕ, ацы фидар уыд Батиаты мыггаджы. Æз цы æрмæгыл фембæлдтæн, уымæ гæсгæ ацы фидар уыд Ерыстау æлдæртты фыдæлтæ Сидамонты, йе скондмæ гæсгæ та у феодалон. Мæнмæ гæсгæ, ацы дыууæ информаци ныхмæлæугæ не ʻсты, зæгъæн ис, Ерыстаутæ æмæ Батиатӕ иу артæй байуаргæ мыггæгтæ кӕй сты ", — дзуры йе ‘нхъæлцтæ ахуыргонд.
Хуссар Ирыстоны территори хъæзныг у ахæм историон цыртдзæвæнтæй, феодалон фидæртты, науæд та гæнахты нымæц нæ бæстӕйы хизы сæдæмæ, фæлæ уыдон фылдæр бӕрцæй сты хæхты æмæ хъæдты æмбæхст. Уанаты фидар та ис зынгӕ бынаты. Этнограф ма иртасы, ацы фидар пырх кæд ӕмӕ цӕмӕй æрцыд, уый дæр.
"Зындгонд историк Гаглойты Юрийы куыстытæй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй ацы фидар тынг баджиздард лекъæгты æрбабырсты рæстæджы. Лекъæгтæ Цхинвалмæ æрбабырстой XVII æнусты ӕмӕ йыл арт бафтыдтой. Ӕввæццæгæн ацы гæнæх дæр уыцы рæстæджы æрцыдаид пырх, науæд та Гуырдзыстоны ардыдæй Уæрæсейы паддзахы æфсады æфхæрæн экспедициты рæстæджы", — дзуры уый.
Уанаты фидары арæзтад куыд цыд, бирӕнымӕц хæстытӕ æмæ йӕ рæстæг дæр куыд нæ басастой, уый тыххæй таурæгътæ дзурын тынг уарзынц бынæттон цæрджытæ дæр.
"Бынæттон цæрджытæй мын иу радзырдта ахæм верси — фидар арæзт цыд Чысыл Леуахийы дурæй. Адæм та рæхыс лæуд скодтой Леуахийӕ къулрӕбынмӕ æмæ кæрæдзимæ лæвæрттой дуртӕ, афтæмæй цыд арæзтад. Стæй ма таддагмӕ æфтыдтой карчы рӕвдуаны бур, цæмæй уыдаид уæлдай фидар", — ӕрхаста хъæуы цæрджыты таурӕгъ Ирбег, фӕлӕ ацы верси йӕхӕдӕг нымайы дызæрдыггагыл.
Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, рӕвдуаны бур гӕнах саразынæн иуæй бирæ бахъуыдаид, аннæмæй та йæ фидардзинадæн ницы ʻххуыс кæны.
"Иртасæн куыстæй куыд бæрæг у, афтӕмӕй фидардæр уыдысты къæйдурæй конд арæзтæдтæ, уыдон-иу зæххæнкъустыты рæстæджы æрбадтысты, змисимæ арæзтад та кодта пырх", — дзуры ахуыргонд.
Фидар чи ӕмӕ кӕд сарӕзта, уый, дзырд дӕр дзы нӕй, тынг ахсджиаг ӕмӕ цымыдисон фарст у, фӕлӕ ма ныры фӕлтӕры раз лӕууы ноджы иу егъау хӕс — бахъахъхъӕнын фыдӕлты бынтӕ, рагон мӕсгуытӕ, фидӕрттӕ, зӕппӕдзтӕ ӕмӕ аргъуантӕ. Уыдон та иууылдӕр сты сӕ ныппырхы фӕндагыл ӕмӕ ацы проблемӕ скъуыддзаг куыннӕ ӕрцӕуа, уӕд сӕ тагъд рӕстӕджы аззайдзыстӕм афтидӕй.