Цæгат Ирыстоны сарæх сты мæнг æхцайæ пайда кæныны цаутæ

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæДенежные купюры России
Денежные купюры России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
МХМ фæдзæхсы адæмы, цæмæй лæмбынæгæй кæсой æхцамæ æмæ ма бафæлварой мæнг æхцайæ спайда кæнын.

ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны территорийыл фæстаг рæстæджы сарæх сты Уæрæсейы банчы мæнг æхцайӕ пайда кæныны цаутæ, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.

Мæнг æхцаты сты 1000 æмæ 5000-сомон купюрӕтӕ.

"18 августы банчытæй иуы хайады æхцатӕ нымайгæйæ рабæрӕг кодтой мæнг 5 мин сом купюрӕтӕ. Мæнг æхца æрбацыд Дзæуджыхъæуы базарадон объекттæй. Ныридæгæн уыдон æрвыст æрцыдысты экспертизæмæ, полицайӕгтӕ та уадзынц басгæрстытæ", — дзырдæуы пресс-службæйы хъусинаджы.

РЦИ-А МХМ сиды цӕрджытӕм, цӕмӕй лæмбынæг кæсой æмæ сгарой æхца детекторы руаджы.

"Ӕхца сгарын хъæуы æртæ æууæлмæ гæсгæ. Ацы æууæлтимæ базонгæ уæвын ис Уæрæсейы Централон банчы сайтыл æмæ сæ хъæуы бахъуыды кæнын", — банысан кодтой уагдоны.

Полицийы ма бафæдзæхстой, мæнг æхцайы фæрæзтӕй кӕй нæй пайда кæныны бар, уымæн æмæ уый нымад цæуы уголовон фыдракæндыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0