ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Богал Рӕмонаты Сослан радзырдта Р-Спорт уацхӕссӕгӕн, зын ын кӕй уыд Олимпиадӕ-2016 Рио-де-Жанейройы йӕ ныхмӕлӕудмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын.
Рӕмонаты Сослан ссис олимпаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 65 кг уӕзы категорийы, Хъӕзтытӕ-2016 фӕстаг бон финалон тохы азербайджанаг Тогрул Асгаровы 4-0 хыгъдӕй рамбулгӕйӕ.
"Тыхджын зын уыд фӕстаг бонмӕ мӕ тохмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Бадтӕн холлы ӕмӕ алчи майдантимӕ куы здӕхт, уӕд хъуыды кодтон "Цӕй-ма, мӕн дӕр майдан хъӕуы". Тынг мыл уӕз кодта, фӕлӕ мын ӕхсызгон у, кӕй мын бантыст. Мӕ дарддӕры нывӕзттӕ? Ныртӕккӕ мӕ фӕнды ӕрмӕстдӕр хӕдзармӕ, мӕ бинонтӕм. Ацы аз мӕ нал фӕнды тох кӕнын, нырма хъӕуы фӕллад суадзын", — загъта Рӕмонаты Сослан журналисттӕн.
Рӕмонаты Сослан райгуырд Цхинвалы, 2014 азы ссис Уӕрӕсейы ӕмӕ дунейы чемпион, 2015 азы та — дунейы бронзӕйон чемпион.