Алайнаг епархи разы нӕу Карсанты Маринӕйӕн йӕ мады бартӕ байсынимӕ

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæВ Детском доме-интернате
В Детском доме-интернате - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алайнаг епархийы динамонджытӕ цӕттӕ сты Карсанты Маринӕ ӕмӕ йӕ авдаздзыд лӕппуйӕн хӕдзар арендӕйы сисын, хӕрд ӕмӕ дарӕсӕй сифтонг кӕнын, цӕмӕй бинонтӕ ма ныппырх уой.

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Хъотайты Мария. Алайнаг епархи цӕттӕ у авдаздзыд Радик ӕмӕ йӕ мад Карсанты Маринӕйыл ӕвджид райсын, кӕцыйы ивгъуыд къуыри тӕрхондон ахицӕн кодта йӕ хъӕбулимӕ. Тӕрхондонон процесс кӕронмӕ нӕма ахӕццӕ. Маринӕйӕн нысан ӕрцыд тӕрхондонон-психиатрон экспертизӕ, уый кӕд ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ равдиса, уӕд Маринӕйӕн байсдзысты йӕ ныййарӕджы бартӕ.

Моладзан Серафима (Джиголаты) Sputnik куыд загъта, афтӕмӕй аргъуан ссардта спонсорты, кӕцытӕ цӕттӕ сты мад ӕмӕ сывӕллонӕн хӕдзары арендӕ фидын.

"Саразын хъӕуы ӕппӕтдӕр, цӕмӕй бантыса бинонты бахъахъхъӕнын. Нӕй гӕнӕн мад ӕмӕ сывӕллоны фӕхицӕн кӕнын. Кӕд Радикы мады хъӕуы психиатрон хоскӕнынад, уӕд ӕй арвитын хъӕуы хос кӕнынмӕ, уый фӕстӕ та йын йӕ сывӕллоны раздахын. Фӕлӕ ныййарӕджы бартӕ байсын у карз мадзал, кӕцы стыр хъизӕмӕрттӕ ӕрхӕсдзӕн куыд сывӕллон, афтӕ мадӕн дӕр. Ис хӕрзаудӕн адӕм, кӕцытӕ цӕттӕ сты ацы бинонтӕн хӕдзары арендӕйы ӕхца фидын. Аргъуан та, куыд раздӕр, афтӕ ныр дӕр цӕттӕ у ацы бинонты дарӕс ӕмӕ хӕлцы продукттӕй ифтонг кӕнын", — радзырдта моладзан.

Карсанты Маринӕ цыд аргъуанмӕ, моладзантӕ дзурынц, зӕгъгӕ, сылгоймагимӕ ныхасы рӕстӕджы уымӕ ницы психикон хæлд федтой.

УФ Президент Владимир Путин ӕмӕ Турчы президент Эрдоган - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгатирыстойнаг сылгоймаг куры Путинӕй ӕххуыс йӕ хъӕбулы раздахыны хъуыддаджы

"Фӕстаг хатт ма йӕ куы федтон, уӕд мын дзырдта, зӕгъгӕ йын цӕрӕнуат куы уаид, уӕд ӕнӕмӕнгӕй куыст ссарид. Уый дзырд радта аргъуанмӕ ивгъуыд сабат ӕрбацӕуын, фӕлӕ нӕ фӕзынд ныры онг. Фӕстӕдӕр базыдтам, кӕй йын байстой йӕ сывӕллоны ӕмӕ йӕ интернатмӕ кӕй бакодтой. Хъӕуы йӕм бацӕуын адӕймагадон цӕстӕнгасӕй ӕмӕ бафӕлварын бинонты бахъахъхъӕнын, фӕлӕ нӕ хъӕуы исын ахӕм карз мадзӕлттӕ. Тынг ыл тыхсын. Бӕрӕг нӕу, кӕм ис", — загъта моладзан.

Райсомӕй чысыл Радик аходӕны фӕстӕ бады скъола-интернаты хъахъхъӕнӕджы цур ӕмӕ хъазы хъахъхъӕнӕджы телефонӕй. Хъомылгӕнинаг дзуры, ахӕм хъӕзтытӕ ногдзинад кӕй сты Радикӕн ӕмӕ йын сты ахъаз йӕ мады иппӕрд рӕстӕгмӕ айрох кӕнын.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый удхар кӕны ӕнӕ йӕ мадӕй. Алкӕмӕн дӕр йӕ мад иууыл ӕввахсдӕр ӕмӕ сӕйрагдӕр адӕймаг у, цыфӕнды хуызӕн ма уа, ӕмӕ Радикӕн дӕр. Январы нӕм куы ӕрбахауд, уӕд иудадзыг ӕнхъӕлмӕ каст йӕ мады ӕрбацыдмӕ интернаты асины къӕпхӕнтыл. Уӕд сразы сты сывӕллоны фӕстӕмӕ йӕ мадӕн раттын", — радзырдта интернаты хъомылгӕнӕг.

Ацы истори стыр резонанс сӕвзӕрын кодта ӕхсӕнады. Бирӕтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ йӕ сывӕллонимӕ фӕиппӕрды фӕстӕ мад бахауд рынчындонмӕ. Фӕлӕ хосгӕнӕн уагдӕтты уый иуы дӕр нӕ разынд. Маринӕйы сыхӕгтӕ Дзауы поселочы радзырдтой Sputnik, сылгоймаг кӕй нӕ фӕзынд, ӕртӕ азы размӕ сын цы чысыл вагон радтой, уым дӕр.

Знауыры Мидхъуыддӕгты районон хайады Sputnik радзырдтой, кӕй федтой Маринӕйы Уахтанайы хъӕуы цур. Йӕ раздӕры цардӕмбал, Радионы фыд, у ацы хъӕуӕй. Чизоны ныфссаст сылгоймаг йӕ раздӕры цардӕмбалмӕ ӕххуысагур бацыд, афтӕмӕй та уый нӕ зоны ӕнӕрхъӕцӕй йӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц аргъуаны, цӕмӕй йын бакӕной ӕххуыс.

Ног хабӕртты лентӕ
0